Хуымарты Илонæ фæуæлахиз мадæлон æвзаджы æркасты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

263 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Хуымарты Илонæ фæуæлахиз мадæлон æвзаджы æркасты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

263 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

263 просмотра

3 года назад

Алы сабийы зæрдæмæ дæр фæндаг ссарын, сæйрагдæр та архайын, цæмæй мадæлон æвзаг уарза. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтарæн ацы сусæгдзинæдтæ йæ къухты æнтыстджынæй æфтынц. Хуымарты Илонæ хъомылгæнæгæй кусы 17 азы. Афæдзы размæ та райдыдта Беслæны фыццæгæм рæвдауæндоны кусын. Æрæджы бацархайдта мадæлон æвзаджы хъомылгæнджыты 'хсæн республикон æркасты. Æмдзæвгæйы хуызы кæрæдзийæн «Æгас цу» зæгъын. Ацы методикæ æнтыстджын кæй у, ууыл, æввæццæн, ничи бадызæрдыг кæндзæн. Уымæн æмæ сабитæ æппæт дæр ныхæстæ зонынц хорз, архайынц зæрдæргъæвдæй. Хуымарты Илонæ ирон æвзаджы уроктæ кæддæриддæр архайы рацаразын афтæ, цæмæй дзы алцыдæр баст уа националон фæзилæнтимæ. Булкъы тыххæй аргъау сабитæ уæлдай тынг уарзынц. Уæвгæ, ам, куыд иннæ ахуырты, афтæ ис арф мидис. Ахæм хуызы Хуымарты Илонæ сабитæм канд мадæлон æвзагмæ уарзондзинад нæ гуырын кæны, фæлæ ма сын рæзын кæнынц сæ музыкалон, сфæлдыстадон, суанг ма физкультурон гæнæнтæ дæр. Алы ахуырмæ дæр бæстон æмæ рагацау цæттæ. Кæд сывæллæтты рæвдауæндоны кусы 17 азы бæрц, уæддæр æппынæдзух цавæрдæр ногдзинад æрхъуыды кæны. Цыбыр рæстæгмæ йæ æнтыстджынæй сæххæст кæны. Хуымарон сывæллæтты æгæрон уарзтæй кæй уарзы, уый бæрæг у йæ алы дзырды дæр. Сабийы зæрдæ та æнкъараг у. Æмæ куыд нæ? Уый бæрц сабиты æхсæн алкæмæ дæр лæгъз сдзурын, бамбарын, цæуыл тыхсы, æрсабыр æй кæнын æмæ бирæ æндæр сусæгдзинæдтæ - Илонæйæн иууылдæр хорз зонгæ сты. Æрæджы сылгоймаг йæхи бафæлвæрдта мадæлон æвзаджы хуыздæр хъомылгæнинаджы республикон æркасты. Мадзал расидтысты фыццаг хатт. Йæ архайджытæ — ирон æвзаджы хъомылгæджытæ æппæт районтæй. Сæ арæхстдзинад равдисынæн сын бацæттæ кодтой æртæ къæпхæны: педагогон арæхстдзинад, гом ахуыртæ æмæ дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Хуымарты Илонæйы архайдæн скодтой стыр аргъ, банымадтой йæ хуыздæрыл. Æмæ суанг ам дæр уæзданæй зæгъы, «Уый æнхъæл нæ уыдтæн», зæгъгæ. Æмæ ууыл гуырысхо дæр ничи кæны. Хуымарты Илонæмæ æнхъæлмæ кæсы ахсджиаг къæпхæн — нæ республикæйы кад хъахъхъæндзæн æппæтуæрæсеон æмвæзадыл. Уæвгæ, ахæм æркастыты руаджы рæзы хъомыгæнджыты профессионалон дæсныдзинад. Илонæйы хуызæн — мадæлон æвзагыл иузæрдион адæмы руаджы та парахат кæны ирон æвзаг. Калоты Дзерассæ

, чтобы оставлять комментарии