Нæ сæрæн лæппуйы кадæн
Боксы руаджы канд Европæйы нæ, фæлæ æгас дунейы дæр кæуыл баууæндыдысты, нæ уыцы зындгонд æмзæххон дæр райста æцæг лæвар. Гасситы Мураты кадæн рухс федта документалон киноныв ацы лæппуйы царды тыххæй. Бацæттæ йæ кодта Уæрæсейы боксы Федерацийы сфæлдыстадон къорд. Ном ын хуымæтæджы нæ равзæрстой «Ирон», зæгъгæ. Англисаг æвзаджы ацы дамгъæты къорд амоны «æфсæйнаг». Нæ хъæддых лæппу дæр æфсæн тыхы хицау кæй у, ууыл дунейы дызæрдыг нициуал кæны. Йæ социалон хызæгтæй иуы Гассийы-фырт йæхæдæг дæр ныффыстакинонывы тыххæй. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы радзырдта, адæм ныронг кæй нæ зыдтой, суанг ахæм хабæрттæ дæр. Тынг æй фæндыд, цæмæй ацы сфæлдыстадон куыст рауадаид æргом æмæ зæрдæмæдзæугæ. Фæсидт, йæ спортивон курдиатыл ын æнувыд чи у, уыдонмæ, цæмæй кинонывмæ бакæсой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Нæ сæрæн лæппуйы кадæн
Категория:
Новости и СМИ