Бæройты Алинæ рамбылдта фæсивæды 'хсæн Европæйы чемпионат спортивон хъæбысхæстæй
Бæройты Алинæ рамбылдта фæсивæды 'хсæн Европæйы чемпионат спортивон хъæбысхæстæй
5 майданы - фæсивæды 'хсæн турниры. Ирыстойнаг спортсментæ систы уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы ерысты уæлахиздзаутæ. Венгрийы 50 килограмы онг уæзы тыхджындæр сси Бæройты Алинæ. Æвзыгъд спортсменкæ ацы уæлахизæй сæххæст кодта йæ бæллиц - сси чемпионкæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Цалдæр уысммæ дæ ныхмæлæууæджы йæ фæсонтыл æрæвæр. Бæройты Алинæ архайы, хъæбысхæсты цы амалтæй пайда кæны, уыдон фæхуыздæр кæныныл. Тренировкæты рæстæг æрмæст чызджытимæ нæ хæцы. Дзырдæн, Алинæйæн йæ уарзон спортсмен у Сидахъаты Зауырбег. Заманхъулы спортивон клуб «БухарДон»-ы тренировкæ кæны ныр 11 азы. Ардæм æй æрбакодта йæ фыд. Алинæйы физикон цæттæдзинад æнæбафиппайдæй нæ баззад. Уæдæ йæ удыхъæд дæр фидар у, æппынæдзух тырны фыццаг уæвынмӕ. Афтæ рауад апрелы, бæстæйы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты. Уый фæстæ чызджы бахастой Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъдмæ. Тренер Борыхъуаты Аслæнбегимæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой Европæйы чемпионатмæ, ацыд Венгрийы. Финалы æнцон кæй нæ уыд, ууыл чызг сæтты. Йæ ныхмæлæууæг, Австрийаг спортсменкæ, къуххæсты тыхджындæр разынд. Фæлæ Алинæйы удыхъæд æмæ тактикæ хъæддыхдæр разындысты. 50 килограммы онг уæзы категорийы рамбылдта 6:2 хыгъдимæ. Ныртæккæ Европæйы æвзонг чемпионкæйæн ис фæллад уадзынӕн иуцасдӕр рæстæг. Дарддæр — æрвылбон тренировкæтæ. Бæройты Алинæмæ æнхъæлмæ кæсы æппæтадæмон турнир Белоруссийы.