Цæгат Ирыстоны кусынц доныбылгæрæттæ фидар кæныныл
Цæгат Ирыстоны 3 мин цæрæджы, гæнæн ис, æмæ бахъыгдарой донивылдтытæ. Æдæппæтæй 24 хъæуы, 41 фæндаджы уаццаджы, 27 хиды æмæ 10 гидротехникон кусæнгарзы. Уый тыххæй дæр хъусын кæнынц Цæгат Ирыстоны Æнæнхъæлæджы цауты министрадæй. Донивылдтыты рæстæг кæй æрхæццæ кæны, уый фæдыл нæ республикæйы цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ. Ныридæгæн районты кусынц доныбылгæрæттæ фидар кæныныл. Цæугæдæттæ сыгъдæг кæнынц. Сæрмагонд техникæ архайы Галоны, Дæллаг Бирæгъзæнджы, Суададжы, Майрамададжы æмæ Дæллаг Санибайы. Ныртæккæ цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ Æрыдоны, доныбылгæрæттæ бæстон кæнынц сæ дæргъ 1200 метры бæрц кæмæн у, уыдон. Хæстæгдæр рæстæг Фарны хъæуы бавналдзысты 600 метры йæ дæргъ кæмæн у, уыцы доныбылгæрæттæ цалцæг кæнынмæ. Дзæуджыхъæуы дæр цалцæг кæнынц Терчы донвæд. Кусы дзы техникæйы 3 иуæджы, райсомæй-изæрмæ цæугæдонæн сыгъдæг кæнынц йæ былгæрæттæ. Уымæй уæлдай ма - бырæттæй, егъау дуртæй æмæ къалиутæй дæр. Ныридæгæн ссыгъдæг кодтой минмæ `ввахс метры бæрц. Доныбылгæрæттæ нывылкæныны куыст аразынц æрвылаз дæр нæ республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады хъæппæрисæй. Пъланмæ гæсгæ хъуамæ, Сырхгвардионты хидæй суанг Китайскийы фæзы онг цы донвæд ис, уый æмбæлгæ уавæрыл скæной. Уый фæстæ бавналдзысты, Мæздæджы цы Терк цæуы, уыцы цæугæдоны былгæрæтты цалцæгмæ. Æрæджы ма ссыгъдæг кодтой нæ республикæйы районты цæугæдæттæ дæр. Ацы куыстытæ ахсджиаг уымæн сты, æмæ донвæд сцалцæг кæныны фæстæ донивылд адæмæн стыр зиан нал æрхæсдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны кусынц доныбылгæрæттæ фидар кæныныл
Категория:
Новости и СМИ