Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 3 æм хайады рабæрæг кодтой цæстфæлдахæджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 3-æм хайады рабæрæг кодтой цæстфæлдахæджы.  Фæдзæхстадон фиддонтæ райсыны тыххæй пъæлицæмæ фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы цæрæг, йæ хæдтулгæ йын кæй адавтой, уый фæдыл. Уыцы хъуыддаг разынд мæнг. Куыд рабæрæг афтæмæй, хæдтулгæ Хендай Солярис балхæдта кредитон фæрæзтæй. 31 октябры йæ сæвæрдта бирæфатерон хæдзары кæрты. Уый фæстæ схуыссыд рынчындоны йæхи дзæбæх кæнынмæ. Уырдыгæй куы 'рбаздæхт, уæд хæдтулгæ йæ бынаты нал ссардта. Фыдракæнды бынатмæ æвæстиатæй ацыд слестгæнæн-оперативон къорд. Фæлæ давды фæдтæ нæ рабæрæг сты. Фæстæдæр хæдтулгæ федтой горæты уынгты. Барадхъахъхъæнджытæ раиртæстой, хæдтулгæйы хицау 150 мин сомæй кæй ауæй кодта машинæ, уый. Йæ зонгæимæ та хъуыддаг афтæ сарæзта, цыма йын æй давгæ акодтой, уый хуызæн. 11 ноябры нæм æрбадзырдта Дзæуджыхъæуы цæрæг. Слестгæнæн-оперативон мадзæлтты фæстæ куыд сбæрæг кодтам, афтæмæй хъастгæнæг хъуыддæгтæ афтæ сарæзта, цыма йын йæ хæдтулгæ адавдæуыд. Цы фæдзæхстадон фиддонтæ йын хъуамæ райдтаигкой, уыдонæй фæнд кодта кредит бафидын. Ныртæккæ агурæм хæдтулгæ. Ныр уал сбæрæг кодтам, республикæйы кæй нæй, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 3 æм хайады рабæрæг кодтой цæстфæлдахæджы

Категория:

Новости и СМИ