«Цæгаткавказэнерго»-йы кусджытæ рад хæсдзысты æхсæвæй-бонæй ног азы бæрæгбæтты рæстæг
«ЦæгатКавказэнерго»-йы кусджытæ Ног азы бæрæгбæтты рад хæсдзысты æхсæвæй-бонæй. Специалистты сæйраг нысан у - бæрæгбæтты рæсæг Цæгат Ирыстоны электрон тыхæй пайдагæнджытæн балæггад кæнын æнæкъуылымпытæй. Профилон куыстуаты куыд бафиппайдтой, афтæмæй бæрæгбæтты рæстæг системæ хъуамæ куса фæткмæ гæсгæ. Æвæстиаты хъуыддаджы диспечерты службæ æмæ цалцæггæнæн къорды филиалы кусджытæ æхсæвæй-бонæй уыдзысты сæ куысты бынаты. Технологон къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæнынмæ уыцы-иу рæстæг рацæуынмæ цæттæ уыдзысты 17 къорды. 135 специалисты æмæ сæрмагонд техникæйы 32 иуæджы. Кусджытæ ифтонггонд сты æппæт хъæугæ гæрзтæй дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Цæгаткавказэнерго»-йы кусджытæ рад хæсдзысты æхсæвæй-бонæй ног азы бæрæгбæтты рæстæг
Категория:
Новости и СМИ