Уæлдай цæстдард
Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ ацы аз республикæйы районты араздзысты æмбырдтæ. Сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц муниципалон хицауад йæ куыст куыд кæны æмæ социалон арæзтады объекттæ цы уавæры сты, уый сбæрæг кæнын. Сæ балц райдыдтой Мæздæджы районæй. Бабæрæг кодтой сывæлæтты рæвдауæндоны арæзтад æмæ ЛУковскæйы станицæйы цы поликлиникæ ис, уый ног корпусы цæттæдзинад. Бæлвырддæр ма радзурдзæн нæ уацхæссæг. Фыццаджыдæр æхсæнадон палатæйы уæнгтæ бабæрæг кодтой социалон нысаниуæг кæмæн ис уыцы объектты арæзтад. Куыстытæ куыд цæуынц уымæ бæстонæй æркастысты. Станицæ ЛУковскæйы аразынц сывæллæтты рæвдауæндон. Мæздæджы та бынæттон поликлиникæйы корпустæй иуы арæзтадон куыс ытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Районы ахсджиагдæр хъуыддæгтыл æрдзырдтой администрацийы æмбырды. Æрдзырдтой цæрджыты заууат хæдзæрттæй ногтæм раивыны фарстайыл. Ныртæккæ ног цæрæнуæттæм рады лæууынц 166 бинонтæй. Уыдонæй 15-мæ æппæт хъæугæ гæххæттытæ ис. Багаты Гермæн - Мæздæджы районы администрацийы арæзтады æмæ архитектурæйы цæрæнуæтты кæмуналон хæдзарады сæргълæууæг: «Уыцы фарстайы фæдыл цæрæнуæтты кæмуналон хæдзарады министрад хъæугæ гæххæттытæ бацæттæ кодта, фæлæ фарста лыггонд нæма,у. Фарон 4 хæдзары бинонтæн баивтам сæ цæрæуæттæ. Уыдонæй 1-æн радтам хæдзар, 3 -йæн та æхцайы фæрæзтæ». Æмбырды ма ныхас кодтой цæрæнуæтты кæмуналон хæдзарады райхалинаг фарстатыл. Районы донцæуæн хæтæлтæн сæ 70% баивинаг сты. Районы хъæутæй 3-йы æрдзон газ нæй: Уыдон сты Хурыхъæу, Любæ Кондратенкæ йы æмæ Кусовойы хъæутæ. Багаты Гермæн: «Цæрджытæй чи сугæй æндзары, чи та пропанæй. Йæ бон кæмæн куыд у, афтæ цæры. Алы аз дæр адæмæн æндзарынмæ радих кæнæм хъæдырмæг». Ацы аз Мæздæджы районы райрæзтадæн радих кодтой 1 миллиард æмæ 200 милуан сомы. Уый та фаронимæ абаргæйæ дыууæ хатты фылдæр у. Уыцы хцайы фæрæзты руаджы районы ахсджиагдæр фарстатæ аиуварс кæндзысты. Фидæнмæ Фæнд кæнынц 46 уынджы дзы фæндæгтæ сцалцæг кæнын. Нина Чиплакова : РЦИ-Аланийы æхсæнадон пъалатæйы уæнгты сæрдар: «Абон æмбырды сæйрагдæр фарста уыд - адæмы социалон аххастдзинад. Бирæ ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтам. Уыдоныл хъуамæ иумæйагæй бакусæм. Хицауад æмæ æхсæнадон палатæйы уæнгтæн сæ сæйраг нысан у адæмæн хъæугæ уавæртæ аразын». Мæздæджы районы фарстатæм фарондæр бæстонæй кастысты. Ацы аз дæр æм хъæугæ цæстард уыдзæн. Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ дарддæр фæнд кæнынц районтæ бæрæг кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæлдай цæстдард
Категория:
Новости и СМИ