Хъармгæнæн мадзæлттæ I Изæры рад
Адæймаджы царды хъармдзинадæн цы стыр ахадындзинад ис, уый дзурын никæмæн хъæуы. Канд уæлдæфы нæ, фæлæ уды уазалæй цыфæнды зæрдæ дæр мæгуыр æмæ æрхæдæг кæны. Нæ программæ «Изæры рад»-ы дзурæм, адæймаджы цы тавы, уыцы хъуыддæгтыл. Сæ иу у хъармгæнæн сезонмæ цæттæдзинад, иннæ та - Ирон театр ног сезоны цы равдисдзæн, уый.