Дзæуджыхъæуы уыд Парламенты Советы æмбырд
Сæрмагонд æфсæддон операцийы цы бархионтæ архайы, уыдоны бинонтæн лæвар дæтдзысты путёвкæтæ сæрмагонд улæфæн æмæ дзæбæхгæнæн уагдæттæм. Уый хауы, йе 'нæниздзинад хъыгдӕрд кæмæн баййæфта æмæ æфсæддон хæстæ æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны сывæллæттæм дæр. Закъонмæ ахæм ивддзинæдтæ бахæссыныл æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны Парламенты Советы æмбырды. Республикон закъоныпроект дæр арæзт æрцæудзæн федералонмæ гæсгæ. Ногдзинад хауы хӕсгӕ сывæллæттæм дæр. Ныхас ма цыд ахуырады федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Сæ фæрцы бирæсывæллонджын æмæ иу ныййарæг кæм ис, ахæм бинонты цотæн бынæттон суъолатæм бацæуынæн уыдзæн уæлбартæ. Уый у Орёлы облæсты депутатты хъæппæрис. Проекты авторты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фадӕттӕ бирæсывæллонджын бинонты уавæрыл æмæ бæстæйы демографийыл хуыздæрырдæм сахаддзæн. Республикæйы парламентаритæ ивддзинад банымадтой хорзыл. Дзырдтой ма, территориты комплексон райрæзты рæстæг цæрджытæн цы бартæ ис, уыдоныл.