Æрыдоны районы пъæлицæйæгтæ æрцахстой банчы картæйæ æхца чи адавта, ахæм закъонхалæджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Æрыдоны районы пъæлицæйæгтæ æрцахстой банчы картæйæ æхца чи адавта, ахæм закъонхалæджы. Уый тыххæй сын фæхабар кодта 59-аздзыд Алагиры цæрæг. Йæ хъусынгæнинагмæ гæсгæ, сылгомаджы фыртæн йæ банчы картæйæ æнæзонгæ адæймаг рафистæг кодта. Æхцайы бæрц - 8 мин сомы. Барадхъахъæнджытæ уыйадыл рацыдысты басгæрстмæ. Архайдтой дзы районы патрулон службæтæ. Иумæйаг куысты руаджы закъонхалæг ахст æрцыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд 21 аздзыд Æрыдоны цæрæг. Закъоны сæрты фыццаг хат нæ ахызт. Уый размæ та æхца радавта Æрыдоны дуканитæй иуæй. Ацы цау та æрцыд афтæ: Фыдгæнæг ракурдта лæппуйæ телефон, иу кæмæдæр адзурон, зæгъгæ. Фæлæ йын уый æфсон уыди. Цалынмæ ныхасгæнæгхуыз кодта йæхи, уæдмæ банчы мобилон уæлæфтуаны æххуысæй æхца давд æрцыдысты. Пъæлицæйæгтæ закъонхалæджы цалынмæ ахстой, уæдмæ уый æхцаты æрдæг бахардз кодта. Цы ма баззад, уыдон фæстæмæ йæ хицауæн радтой. Уый тыххæй Æрыдоны районы мидхъуыддæгты министрады слестгæнджытæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг, 158 статьямæ гæсгæ. Аххосджынмæ æнхъæлмæ кæсы 6 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон. Уыимæ ма, гæнæн ис, æмæ йæ 80 мин сомы онг фæивар кæной. Ахæм цаутæ иу æмæ дыууæ хатты кæй не`рцæуы, уый тыххæй пъæлицæйæгтæ сидынц адæммæ, цæмæй уой къæрхъусдæр. «Мах, Æрыдоны мидхъуыддæгты министрады хайады кусджытæ, куырæм цæрджытæй, цæмæй уæ цæст дарат цæстфæлдахджыты митæм. Уæ чырæ телефонтæ æнæзонгæ адæймæгтæм ма дæттут. Цыфæнды æфсон куы кæной, уæддæр. Зæгъæм, искæмæ адзурыны тыххæй йæ куы курой, уæд кæимæ хъавы аныхас кæнын, уый номыртæ уæхæдæг райсут æмæ сæ ныффыссут. Уæдæ, ныхасы сæр дæр цы уыдзæн, уый уæхæдæг фæнысан кæнут æмæ афтæмæй хъуыддаг ахицæн кæнут. Æххуыс æцæгæйдæр кæй хъæуы, уый ахæмыл дæр сразы уыдзæн», - Рауф Сафаров. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрыдоны районы пъæлицæйæгтæ æрцахстой банчы картæйæ æхца чи адавта, ахæм закъонхалæджы

Категория:

Новости и СМИ