Æртæ мин æфсæддонæй фылдæрæн Цæгат Ирыстоны æмæ Дагестаны сарæзтой ахуыртæ
Æртæ мин æфсæддонæй фылдæрæн Цæгат Ирыстоны æмæ Дагестаны сарæзтой ахуыртæ. Уыимæ ма æфсæддон техникæ дæр: артилерон установкæтæ, танктæ, БМП-тæ, сгарæн æмæ радиоэлектронон комплекстæ. Ахуырты сæйраг хæс - мæнг знаджы ныббырст бауромын, диверсион-сгарæн къордты æмархайдыл бакусын. Ахуырты фæрцы батальонты командыгæнджыты фæлтæрддзинад фæуæлдæр уыдзæн. Уыимæ мотоæхсæн хайадты арæхстдзинад дæр фæхуыздæр уыдзæн. 58-æм æфсады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй нысангонд уыд 2019 азы ахуырадон басгæрсты фæлгæты Хуссар æфсæддон зылды 58-æм æфсады мотоæхсæн дæлхайадтæн егъау ахуытæ саразын. Мадзалы фæлгæты командыгæнджытæ сарæзтой тренеровкæтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æртæ мин æфсæддонæй фылдæрæн Цæгат Ирыстоны æмæ Дагестаны сарæзтой ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ