Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты олимпиадæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

68 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты олимпиадæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

68 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

68 просмотров

3 года назад

Ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты ацыд «Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты олимпиадæ». Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты æмæ Педагогон колледжы студенттæ дæр. Фæрстытæ сты ирон æвзаг æмæ литературæйы программæйы æрмæджытæм гæсгæ арæзт. Уымæй уæлдай, домынц предметты 'хсæн бастдзинад æмæ бæстæзонады æрмæг зонын. Олимпиадæйы фыццаг хайы уыд тестыты хуызы хæслæвæрдтæ. Дарддæр - рубрикæтæ, фæрстытæ сæм бацæттæ кодтой канд Ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæ нæ, фæлæ ма ахуыргæндтæ, ахуыргæнджытæ сæхæдæг æмæ студенттæ дæр. Мадзал бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны педагогон кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн республикон институты, «Ахуыргæнæг æмæ зондамонæджы азы» фæлгæты. Олимпиадæйæн хатдзæгтæ скæндзысты дыууæ боны дæргъы. Уæлахиздзауты нæмттæ фенæн уыдзæн Ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн иституты сайты. Архайджытæ æдæппæтæй сты 50-ы бæрц. Хæслæвæрдтæ суанг фæлтæрдджын ахуыргæнджыты дæр сцымыдис кодтой.

, чтобы оставлять комментарии