Хицауады хæдзары æрдзырдтой Сыгъдæг Георгийы аргъуаны бындурон цалцæджы тыххæй
Хицауады хæдзары æрдзырдтой Сыгъдæг Георгийы аргъуаны бындурон цалцæджы тыххæй. Уæлахизхæссæг Георгийы кафедралон аргъуаны куыстытæ райдайдзысты 1-æм февралы. Фæлгонцадон куыстытæй уæлдай базилдзысты аргъуаны агъуыстытæм. Битарты Вячеслав бабар кодта республикæйы хицауадæн аивгæнæн проектыл бакусын. Рацарæзт баст у Аланийы аргъуыды 1100-йæм азы бæрæгбонимæ. Æмбырды архайдтой хицауады сæрдары фыццаг хæдивджытæ Сæбæтхъуаты Æхсарбег æмæ Азымты Иринæ, уыимæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид, стæй Мæскуыйы æрмадзы кусæг, мозаикон нывты дæсны Дионисий Иванников. 2022-æм азы Ирыстон кадджынæй сбæрæг кæндзæн, Аланийыл дзуарæвæрды 1100 азы бон. Уый тыххæй Уынаффæ бафыста Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Сыгъдæг Георгийы аргъуанæй уæлдай цалцæггæнæн куыстытæ цæудзысты Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны Дзæуджыхъæуы æмæ хъæу Къумбултæйы цы аргъуан ис, уым. Уастырджийы номыл аргъуан Къесатыхъæуы, Дагомы, уыимæ Заманхъулы «Зылын цырт» кæй хонынц, уыцы дурæй конд дзуары уавæрмæ дæр лæмбынæг æркæсдзысты. Бæрæгбоны сæйраг мадзæлттæ ацæудзысты 2022 азы Спартакы стадионы. Республикæйы сæйраг стадион дæр цалцæггæнын райдайдзысты ацы аз. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хицауады хæдзары æрдзырдтой Сыгъдæг Георгийы аргъуаны бындурон цалцæджы тыххæй
Категория:
Новости и СМИ