Дохторты руаджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Цæгатирыстойнаг дохтыртæ 35 азыдзыд нæлгоймагæн йæ къух бахъахъхъæдтой. Фыдбылызыл куыстуаты æрцыд. Республикон рынчындонмæ æрыгон лæппуйы туг калгæ бахæццæ кодтой, йæ къух дзæкъулы æвæрд афтæмæй. Операци 9 сахаты цыдис. Рынчын аирвæрзт. Ныртæккæ нæлгоймагæн йæ цардæн тæссаг нал у. Алексей Алексеенко йæ галиу къух кусын кæны. Йæ арм нырма Елизаровы апараты æвæрд у. Фæлæ йæ æнгуылдзтæ змæлынц. Ныртæккæ йæ бон радзурын у 2 къуырийы размæ цы фыдбылызы бахауд, уый тыххæй. Алексей Алексеенко: «Хъæдырмæгимæ архайдтон. Мæ хæдоны дыс мын хырх ацахста. Æмæ... Кæсын æмæ мæ арм мæ уæлæ нал ис. Цыдæр гыццыл бæттæны ссардтон мæ къух уымæй сбастон, мæ фарсмæ цы хуыйæг уыди уымæ фæдзырдтон. Уый бадзырдта тагъд æххуысы къаретмæ. Мæ къух мын дзæкъулы нывæрдта». Цæмæй рынчынæн хирургтæ йæ къух аирвæзын кæной, уый тыххæй сæ бахъуыд зын операци скæнын. Цыди 9 сахаты. Алы минут дæр – ахсджиаг уыд. Уыцы иу рæстæг рынчынимæ архайдтой 4 хирургы. Ахæм операцитæ нæ республикæйы раздæр дæр кодтой. Фæлæ ай уæлдай ахсджиаг у. Дохтыртæ тынг зын уавæры архайдтой. Сæ кусæнгæрзтæ базæронд сты æмæ пайда кæнынмæ нæ бæззыдысты. Фæлæ дохтыртæ куыд зæгъынц афтæмæй сæ куыстæй разыйæ баззадысты. Æрыгон лæппуйæн баххуыс кодтой. Рынчыны фидæны нырма бахъæудзæн дохтырты æххуыс. Хъæудзæн ма йын ноджыдæр иу операци скæнын. Фæлæ уый та æндæр ран. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дохторты руаджы

Категория:

Новости и СМИ