Фидæнмæ нысантæ
Тарнизы диспансеры арæзтад кæронмæ ахæццæ кæнынæн Уæрæсейы хицауад радих кодта 700 милуан сомы. Уый тыххæй ивгъуыд азы бадзырд бафыста УФ-йы хицауады сæрдар Дмитрий Медведев. Документмæ гæсгæ арæзт æмæ бындуронæй цалцæггонд æрцæудзысты социалон объекттæ æмæ коммуналон-цæрæнуæтты хæдзарадтæ. Се хсæн республикæйы тарнизы диспансер дæр. Æппæт бакусинаг объекттыл æмæ семæ баст фарстатыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ныхас дзы цыд регионы ахсджиагдæр фарстатыл æмæ социалон-экономикон райрæзтыл. Куыд баныхас кодтой, афтæмæй æхцаты фылдæр хай радих кæндзысты æнæниздзинадхъахъхъæнынады объекттæ – амбулаторитæ æмæ фельдшерон-акушерон пункттæ саразынæн. Фæзындзысты ног скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ дæр. Уымæй уæлдай ма ацы аз республикæ архайдзæн 18 федералон программæйы. 1 миллиард сомы хардзгонд æрцæудзæн лыгъд адæмæн цæрæнуæттæ балхæнынæн. Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта афтæмæй, фаронимæ абаргæйæ лыгъд адæмæн фылдæр фæрæзтæ радих кодтой. Фæнд кæнынц 600 адæймагæн цæрæнуæттæ саразын. 113 милуан сомы схардз кæндзысты национ музейы арæзтадыл. 54 милуаны сомæй та зæрæдты хæдзар "Узæлд" рацараздзысты. Фембæлды рæстæг æркастысты культурæ æмæ спорты фестивалы фонды фæрæзтæм æмæ сæ цæуыл адих кæнын хъæудзæн, уымæ. Æрныхас кодтой Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азы бæрæгбоны мадзæлттæ куыд хуыздæр арвитæн ис, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фидæнмæ нысантæ
Категория:
Новости и СМИ