Пятигорскы байгом фæсивæдон форум «Машук 2019»
Æндæр хабæртты тыххæй. Раст ацы минутты Пятигорскы байгом ис Цæгат Кавказы фæсивæдон ахуырадон форум «Машук-2019». У юбилейон, сарæзтой йæ ныр 10-æм хатт. Официалон æгъдауæй форум йæ куыст райдыдта сæйраг фæзы. Алы хатт дæр æм йæ саразджытæ æрхонынц исты зындгонд адæймаджы. Ацы аз ахæм фадат фæцис зарæггæнæг Моты. Уымæй уæлдай ма форуммæ саккаг кодта Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур дæр. Иннæ уазджытимæ уый базонгæ фæсивæды æмбырды куыстимæ, интерактивон равдыстимæ, бабæрæг кодта тематикон цатыртæ. Фæсивæд æм радтой алыхуызон фæрстытæ æмæ сын райстой бæстон дзуаппытæ. Таймазты Артур рæзгæ фæлтæрæн арфæ ракодта, йæ зæрдæ сын загъта уæлахизтæ. Фæткмæ гæсгæ, 13-æм августы форумы уыдзæн Цæгат Ирыстоны бон. Хъуамæ йæм уæд сæмбæла нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Нæ зæрдæ нæм афтæ дзуры, æмæ ирыстойнаг фæсивæдæй къæмдзæстыг нæ кæндзæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, форумы ацы аз 1500 адæймаджы кæй архайы. Сты канд Цæгат Кавказы регионтæ нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр рæттæй дæр. Нæ республикæйы минæвæрттæ дзы хъуамæ бавдисой 50 проекты. Баст сты цардархайды алывæрсыг фæзилæнтимæ. Стæй ма форумы ацы хатт снысан кодтой дыууæ нæ, фæлæ æртæ фæлтæры. Уый руаджы фæсивæдæн сæ фадæттæ ноджы фæуæрæхдæр уыдзысты гранттæ рамбулынæн æмæ ахсджиаг проекттæ царды рауадзынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пятигорскы байгом фæсивæдон форум «Машук 2019»
Категория:
Новости и СМИ