Хуыгаты Аланыл чи фæтых уа, æгас бæстæйы ахæм нæма разынд
Йæ алы цæф дæр, мысанмæ иу æхстæй бахауæгау, дырыс æмæ æнæаипп. 16 тохы æмæ 16 уæлахизы, ирон лæппу иу хатт дæр никуы фæхæрд. Хъуыддаг ис куыстуарзондзинад æмæ хиуыл æвæллайгæ архайды. Уый тыххæй Хуыгаты Алан рингыл кæддæриддæр йæ ныхмæлæууæгæй ныфсджындæр у. Боксмæ Алан æнæнхъæлæджы не 'рбафтыд. Ацы спорты хуыз ын йæ удыхъæдмæ гæсгæ кæддæриддæр хæстæг уыд. Секцимæ йæ æрбакодта йæ фыд. Уæд, саби уæвгæйæ дæр, лæппу стыр ныфсытæ лæвæрдта. Алан ныр бирæ азты дæргъы архайы боксы клуб "Ариана"-йы. Тох кæны æрдæгастæуккаг уæзы Сланты Виталий æмæ Тедеты Аликы разамындæй. Тренертæ лæппумæ кæддæриддæр уыдтой суинаг æнтыстджын спорсмены æууæлтæ. Уайтагъд æм раиртæстой куыстуарзондзинад, хъæддыхдзинад æмæ хиуыл æвæллайгæ куысты фæндон. Спортсмены карьерæйы æппæтæй ахсджиагдæр цау у — профессионалон боксæй турниры архайд. Ацыд Мæскуыйы. Уæд Хуыгаты Алан фæуæлахиз Рамазан Алиматовыл Таджикистанæй. Афтæ сси боксæй Уæрæсейы чемпионы титулы хицау. Боксёр бирæ профессионалон турнирты архайдта. Йæ тохты фылдæр хай фæци æмгъуыдæй раздæр. Кæд Аланыл нырма 24 азы едтæмæ нæ цæуы, уæддæр йæ ном хъуыстгонд у. Æмæ ацы æнтыстдзинæдтыл æрлæууынвæнд нæ кæны. Мах дæр уырны, ирон лæппу Хуыгаты Алан æнæмæнг спорты бæрзæндтæм кæй схиздзæн.