Ногæй та фæлварæнмæ
Æнæмæнг дæтгæ 2 предметæй иумæйаг паддзахадон фæлварæн афойныл чи нæ радта, уыдонæн фадат ис уæлæмхасæн рæстæджы йæ ныффыссынæн. 4-æм сентябры скъолаты рауагъдонттæ сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кодтой уырыссаг æвзагæй, абон та лæвæрдтой математикæ. Республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады куыд фехъусын кæнынц, афтæмæй уырыссаг æвзагæй фæлварæн ногæй раттынмæ сæ курдиаттæ балæвæрдтой 61 ахуырдзауы. Цæугæ та æрбакодтой 38-æй. Математикæ ногæй лæвæрдтой 144 адæймаджы. Фæлварæны 20 хæслæвæрды уыд. Скъоладзаутæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ зонындзинæдтæ афоныл равдисын сæ бон фыр тæссæй нæ баци. Уый аххосæй хорз бæрæггæнæнтæ æххæстæй нæ райстой. Сæ хъуыдымæ гæсгæ мамематикæ æппæты зындæр предметтæй иу у. Кортиаты Дзерассæ: «Мæхи цæттæ кодтон куыд æмбæлы афтæ, фæлæ, æвæццæгæн, тынг кæй тарсттæн, уый тыххæй цы зыдтон, уый дæр мæ ферох. Математикæ раттын мæ бон нæ баци. Ногæй та сæрддæргъы ахуыргæнжытæм фæцыттæн, æмæ мæ уырны, ацы хатт фæлварæн раттын мæ къухы кæй бафтдзæн, уый». Мæргъиты Георгий: «Математикæйы фæлварæнæй æппæты тынгдæр тарсттæн. Иннæ предметтæ мын æнцондæр уыдысты. Куы йæ базыттон, хæслæвæрдтæ раст кæй не скодтон, уый, уæд мын хъыг уыд. Фæлæ ма мын иу фадат уыдзæн, уый куы базыттон, уæд мæхи хуыздæр бацæттæ кæныныл бакуыстон». Бафиппайын хъæуы уый æмæ сентябры фæлварæнтæм сæ хъус дарынц 10 æхсæнадон цæстдарæджы. Сæ бæрæггæнæнтæ 20-æм сентябрмæ сбæрæг уыдзысты . Ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй иумæйаг паддзахадон фæлварæн уæлæмхасæн рæстæджы раттыны бар ис ацы азы æмæ фароны рауагъдонтæн. Уæлæмхасæн рæстæджы фæлварæнтæ алыхуызон аххосæгтæм гæсгæ дæттынц. Зæгъæм, чидæртæ къаддæр балтæ райста, кæнæ та йæ æнæниздзинад хъыгдæрд кæй уыд, уый аххосæй не рбацыдис. Министрады куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй фæлварæн ногæй раттын алкæмæн йæхи бар у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ногæй та фæлварæнмæ
Категория:
Новости и СМИ