Рагацау æрæджиауæй хуыздæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

12 просмотров

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы цæттæ кæнынц радон зымæгмæ. Специалисттæ кæсынц хæдзæртты системæйы уавæрмæ. Разамынддæттæг компаниты кусджытæ та бæрæг кæсынц, цалцæггæнинаг дзы чи у, уыдон. Хъармгæнæн хæтæлты 70% базæронд сты. Се `ппæт дæр иумæ баивынæн фадат нæй. Уымæ гæсгæ уал райдыдтой, æппæты æвзæрдæр уавæры цы хæтæлтæ сты, уыдонмæ зилын. Кæд куыст бирæ ис, уæддæр специалисттæ зæрдæ æвæрынц, зымæджы алы хæдзары дæр хъарм кæй уыдзæн. Дзæуджыхъæуы Хъесаты Астаны уынджы 27-æм хæдзары цæрджытæм зымæгон уазал нæ вæййы. Сæ ныхæстæм гæсгæ хъармгæнæн системæ кусы æнæкъуылымпыйæ æмæ куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ доны хæтæлтæм куы æркæсай, уæд адæймаг ыл дызæрдыг кæнын райдайы. Хæтæлтыл 40 азæй фылдæр цæуы æмæ сыл згæ куыд нæ фæхæцыд. цы рæстæг атондзысты, кæнæ сæ хъарын кæд райдайдзæн, уый бæрæг нæу. Хæдзарæн разамынддæттæг компанийы кусджытæн фарста æнæзонгæ нæу. Æмæ рагацау райдыдтой хъармгдæттæг системæйы хæтæлтæ ивын. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ нæ фæнды адæмы зæрдæхудты бацæуын. Стæй авари не руадзын, йæ фæстиуджы иуварс кæныæй бирæ æнцондæр у. Уарзиаты Олег, разамынддæттæг компани «Эра»-йы генералон директор: «Рагацау базилæм, цы бынæттыл дызæрдыг кæнæм, уыдонмæ. Æмæ уый фæстæ дарддæр æнæкъуылымпыйæ фæкусæм. Хъармгæнæн куыстытæ ныридæгæн фестæм. Ныр та мæнæ ацы хæдзары хъармдоны хæтæлтæ цалцæг кæнæм. Растдæр зæгъгæйæ та сæ суанг фыццаг уæладзыджы онг ивæм». Фæлæ, цæмæй адæмы хæдзæртты хъарм уа, уый тыххæй фыццаджыдæр срæвдз кæнын хъæуы районы хъармгæнæн агтæ кæм сты, уыцы бæстыхæйттæ æмæ центрон хъармгæнæн пункттæ. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуккаг уынджы хъармгæнæны ивынц бойлертæ. Рагагъоммæ сæ куы нæ баивай, уæд аваримæ дæр бирæ нæ хъæуы. Æмæ зымæджы адæм æнæ хъарм донæй баззайдзысты. Кусджытæ зæрдæ æвæрынц, уый кæй нæ руаддзысты, уымæй. Ног хæтæлтæ ныридæгæн ауагътой горæты цалдæр уынгыл. Кæмдæрты сæ нырма ныр райдыдтой ивын. Зæгъæм, Пушкины уынджы ног хæтæлтæ ацы аз зæххы бын ауагътой. Ацы куыстытæ пъланмæ гæсгæ конд не сты. Фæлæ дзы фæндаг цалцæг кæнын кæй райдыдтой, уый тыххæй рахастой уынаффæ - уыцы-иу рæстæг хъарм доны хæтæлтæ дæр баивын. Дзæуджыхъæуы хъармгæнæн хызæджы куыстуаты специалисттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй уæлдай нæу, цы куыстæй райдайай, уый. Сæйрагдæр у хъармгæнæн сезонмæ бацæттæ кæнын. Габеты Данил, компани «Владикавказские тепловые сети»-йы сæйраг инженер : «Пъланмæ гæсгæ, ацы аз хъуамæ баивæм хъармгæнæнæн хæтæлты 6 километры, донцъирæн кусæнгарзы 28 иуæджы, стæй ма 12-15 хъармгæнæн аджы». Æппæт куыстытæн радих кодтой 95 милуан сомы. Ног хъармгæнæн системæйы цæттæдзинад фæззæджы кæрон рабæрæг уыдзæн. Фыццаг хатт æй куы скусын кæной, уæд. Ныр та уал нæ зæрдæ дардзыстæм, специалистты æнæзæрдæхудт куыстыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Рагацау æрæджиауæй хуыздæр

Категория:

Новости и СМИ