Цæгаткавказэнергойы кусджытæ рабæрæг кодтой æнæзакъонæй электрон тыхæй пайада чи кодта, ахæм 120 цау
Цæгаткавказэнергойы кусджытæ рабæрæг кодтой æнæзакъонæй электрон тыхæй пайада чи кодта, ахæм 120 цауы. Уый 9 мæймæ. Афтæмæй, дам, цы адавтой уымæй æнæхъæн Алагиры районы 4 боны рухс кæлит. Басгæртыты рæстæг, энергетиктæ сарæзтой 92 акты. Закъонхæлдты хсæн рабæрæг кодтой, барæнтæ раст кæй нæ куыстой, пломбæтæ цæрджытæ сæхæдæг кæй раппæрстой æмæ ма хыгъды бæрæггæнæнтæ мæнг кæй уыдысты, уый. Æмткæй райсгæйæ, электрон тыхы бæрц 675 мин киловатæй фылдæр снымадта. Æхцайæ уый у 1 милуан æмæ 260 мин сомы. УЫмæй уæлдай ма, рейды фæлгæты рабæрæг кодтой 28 цауы, рухсæй пайда кæм кодтой, фæлæ æмбæлгæ гæххæтытæ кæй нæ бафыстой афтæмæй. Ома рухсæн нæ фыстой. Сæ ныхмæ байгом кодтой сæрмагонд акттæ. Электрон тыхы æнæзакъон хардз иумæйагæй сси 2 милуан сомæй фылдæр. Цæгаткавказэнергойы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй закъонхалджыты се*ппæты дæр хъæудзæн ивары хуызы зынгæ фылдæр бафидын. Æппæт закъонхæлдтытæ арвыстой барадхъахъхъæнæн оргæнтæм. Ныр æнæсæрфат митæ чи кодта, уыдонмæ æвзиды административон, кæнæ уголовон æгъдауæй æфхæрд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгаткавказэнергойы кусджытæ рабæрæг кодтой æнæзакъонæй электрон тыхæй пайада чи кодта, ахæм 120 цау
Категория:
Новости и СМИ