Æвзарæн бартæ хуыздæр зонынæн
Дзæуджыхъæуы 28-æм скъолайы нæ республикæйы Фæсивæдон æвзарæн къамисы раззагдæр архайджыты хъæппæрисæй ацыд бартæ зоныны урок. Бархионтæ хистæр кълæсты скъоладзаутæн радзырдтой Уæрæсейы æвзарæн барты тыххæй. Ахуырдзаутæ ма бацархайдтой викторинæйы, фарстатæ баст уыдысты амынд темæимæ. Ахæм хуызы сывæллæттæ фидар кодтой сæ теоретикон зонындзинæдтæ. Фæсивæдон æвзарæн къамисы архайджытæ скъоладзаутæм фæсидтысты бархионты хуызы бацархайынмæ Уæрæсейы президенты æвзарæн мадзæлтты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æвзарæн бартæ хуыздæр зонынæн
Категория:
Новости и СМИ