Чи сæрæндæр?!
Урсдоны был фыццаг хатт уыдис кæсагахсджыты гом чемпионат. Дыгуры район æрбангом кодта нæ бæстæйы алы регионты минæвæртты.Архайджытæ ссыдысты суанг Луганск æмæ Донецкæй дæр. Ерыстæ куыд ацыдысты æмæ спорты ацы хуызæн нæ республикæйы цавæр гæнæнтæ ис, уыимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд. Кæсаг ахсгæйæ бирæ хъуыддæгты ахсджиаг сты - зæгъæм, цæугæдоны арфад. Уымæй аразгæ у донуаты цавæр кæсæгты хуызтæ цæрынц, уый. Фæлæ Петербурджы кæсагахсæг Александр Воробьев куыд зæгъы, афтæмæй, сæйраг - фæлтæрддзин ад у. Алыксандрмæ та уый ис фагæй-фылдæр ис. Былгæрæттæй кæсагахсджыты ерысты 2006 азæй нырмæ архайы. Уыимæ ссис дунеон къласы спорты мастер. Йæхи йæ бон у фендджын схонын, уымæн æмæ федта æмæ йæ тыхтæ сæдæ цæугæдонæй фылдæры бафæлвæрдта. Фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы,афтæмæй, йын ног бынæттимæ зонгæ кæнынын ын стыр æхсызгондзинад хæссы. Уарзы алы регионы æрдзы рæсугъддзинæдтæм кæсын. Цæгат Ирыстоны ерыстæ саразынмæ биноныгæй бавнæлдтой, уæдæ сын æххуысгæнджытæ дæр уыд. Фæндыд сæ цæмæй уæй æмбæлгæ æмвæзадыл æмæ архайджыты зæрдæмæ фæцæуой, уый. Фыццаг республикон гом ерысты архайынц куыд фæлтæрдджын, афтæ ерыстæм фыццаг хатт чи бахауд, ахæмтæ. Зæгъæм, Баллаты Алан кæсаг ахсын нымадта хиирхæфсынæн.Фæлæ ерысты тыххæй куы базыдта, уæд дзы бацархайыныл уайтагъд сразы ис. Ахæм ерысгæнджытæ иу æмæ дыууæ не сты. Базыраты Аланæн дæр ерыс кæнын стыр æхсызгондзинад æрхаста. Уæлдай разыйæ баззад цы уавæртæ сын сарæзтой, уыдонæй. Зæрдæ дары ерыстæ æрвылазон кæй суыдзысты, ууыл. Уæвгæ та, кæсаг ахсынмæ алы кæсагахсæгмæ ис йæхи цæстæнгас. Ерысгæнджыты æрцахсын хъæуы валергæсаг. Æрцахсын æмæ йæ фæстæмæ ауадзын, уый сæйраг домæн у. Ерысгæнджыты хъæуы 4 къæпхæны сæрты ахизын, алы ахст кæсагæн дæр сын лæвæрд цæуынц сæрмагонд талонтæ.Ерысты кæрон сæ равдисдзысты хистæр тæрхонгæнæгмæ. Фылдæр талонтæ кæмæ разына, уый нымад æрцæудзæн раззагдæрыл. Уæллахиздзауы ном райсыныл Урсбоны был тох бацайдагъ.Архайынц дзы нæ бæстæйы алы регионты минæвæрттæ: Цæгат Ирыстонæй. Липецкæй, Смоленскæй, Ростовæй, Краснодарæй , Петербургæй,суанг ма Донецкæй дæр æмæ Луганскæй дæр. Ерыстæ алкæйы зæрдæйы дæр арф фæд ныууагътой. Æмæ ацы ерыстæ ногæй арæзт æрцæудзысты. Фæлæ канд æхсызгон æнкъарæнты тыххæй нæ,фæлæ-ма мадзал саразджыты хъуыдымæ гæсгæ ацы спорты хуыз нæ республикæйы апарахат кæнын хъæуы, хъæуы йын йæ рæзтыл бакусын. Уый æнæниздзинадæн дæр у пайда, уæдæ æрдзимæ бастдзинад дæр афтæмæй фидардæр кæндзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи сæрæндæр?!
Категория:
Новости и СМИ