160 азы æххæст кæны ирон поэт Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл
160 азы æххæст кæны ирон поэт Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. Нывгæнæг, драматург, публицист - Къоста уыд æгæрон курдиаты хицау. Юбилейы фæдыл, Дзæуджыхъæуы музыкалон чиныгдоны сарæзтой литературон бæрæгбон. Аивæдты лицейы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой цымыдисаг номыртæ. Националон музыкалон инструментты ансамбль ацагъта адæмæн уарзон уацмыстæ. Суанг ма симд дæр акафыдысты. Мадзал канд сфæлдыстадон нæ уыд, фæлæ ма базонæн дæр. Музыкалон чиныгдоны кусджытæ уазджытæн радзырдтой Къостайы цардвæндаджы тыххæй. Равдыстой сын, поэт кæй уарзта, уыцы сылгоймæгты нывтæ. Бæрæгбоны амидингæнджытæ уыдысты республикон адæмон сфæлдыстады хæдзары уæнгтæ. Мадзалы ма архайдтой дизайнерон æрмадз «Аивады» минæвæрттæ дæр. Равдыстой националон стилистикæйы конд нырыккон дарæс. Уазджытæ федтой 30 дзаумайæ фылдæр. Ис дзы куыд æрвылбон, афтæ бæрæгбоны дарынæн уæлæдарæс дæр. Дизайнерты ныхæстæм гæсгæ коллекци сарæзтой Хетæгкаты Къостайы аивадмæ кæсгæйæ. Уæлдайдæр та сæ зæрдæмæ фæцыдысты фыссæджы уацмысты сылгоймæгты сурæттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
160 азы æххæст кæны ирон поэт Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл
Категория:
Новости и СМИ