Уазæлттæм цæттæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн æмгъуыд. Ивгъуыд æхсæвы Дзæуджыхъæуы æппæт бирæуæладзыгон хæдзæртты дæр хъармгæнæн системæтæ скусын кодтой. Синоптикты ныхæстæм гæсгæ, иннæ къуыри фæуазал уыдзæн. Дзæуджыхъæуы температурæ æрхаудзæн 8 градусæй къаддæрмæ. Коммуналон службæты кусджытæ рагагъоммæ сæхи бацæттæ кодтой уазæлттæм. Кæм хъуыди, уым хъармдæттæг хæтæлтæ ивд æрцыдысты, аиуварс кодтой Барбашовы уынджы æмæ Доваторы проспекты æппæт аиппытæ дæр. Уæдæ Весеннийы уынджы хъармгæнæн хæтæлмæ дæр специалистты зæрдæ нал æхсайы. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад æмæ энергетикæйы министрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй зымæгмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ æххæст кæнынц бæлвырд фæткмæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уазæлттæм цæттæ
Категория:
Новости и СМИ