Æрцæгъд-ма, фæндыр!
«Æрцæгъд-ма, фæндыр!» - афтæ хуыйны Дзæуджыхъæуы цы инструменталон аивады дæсныты фестиваль арæзт æрцыд, уый. 2007-æй азæй нырмæ алы дыууæ азы дæр нæ республикæмæ ссæуынц æгас Кавказы хуыздæр фæндыр æмæ æндæр уадынгæрзтыл цæгъдджытæ. Ацы хатт музыканттæ дисы цæмæй бафтыдтой аивадуарзджыты, уый базыдта ме мкусæг Биджелты Бертæ. Дæттæм ын ныхасы бар. Металлургты галуанмæ та къух бакæнæн нал ис. Кавказы адæмты инструменталон аивады дæсныты фестиваль «Æрцæгъд-ма, фæндыр!» ныр æхсæзæм хатт йæ дуæрттæ байгом кодта. Сфæлдыстадон форумы фæлгæты дыууæ азы иу хатт нæ республикæмæ ссæуынц фæндыр æмæ æндæр инструменттыл цæгъдджытæ æгас Цæгат æмæ Фæскавказæй. Рустам Паскаев, цæцæны æмæ мæхъæлы республикæты адæмон артист: «Мах æрцыдыстæм ныр 5-æм хатт фестивальмæ. Тынг æхсызгон нын у, алы хатт дæр нæ кæй æрбахонынц. Фестиваль фыццаджыдæр æппæт Кавказы регионты хсæн рæзын кæны хæлардзинад, кæрæдзиуыл нæ бæтты, нациты æхсæн бастдзинæдтæ фидардæр кæны». Проект аразджытæ сты Цæгат Ирыстоны адæмон артисттæ Дзуццаты Сослан æмæ Хадыхъхъаты Аллæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, иу хаттæй иннæмæ фестивалы архайджытæ фылдæрæй фылдæр кæнынц. Нæ республикæйы хореографион коллективтæ дæр сæ дæсныйад равдисын нæ бавгъау кодтой. Сфæлдыстадон изæр сæ кафтæй саив кодтой ансамбльтæ «Ирыстон» æмæ «Дзæуджыхъæуккаг Алантæ». Концерт аразджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй мадзалы сæйраг хæс у Кавказы адæмы кæрæдзиуыл бæттын. Цæгат Ирыстоны культурæйы министрад æмæ Парламенты минæвæрттæ кады гæххæттытæй схорзæхджын кодтой проекты архайджыты. Артисттæ зæрдиагæй кæй бацархайынц фестивалы, стæй йæ географи дæр кæй рæзы, уый та дзуры ууыл, æмæ проектæн стыр фидæн кæй ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æрцæгъд-ма, фæндыр!
Категория:
Новости и СМИ