Цæгат Ирыстоны сæйраг дохтырты делегаци бабæрæг кодта Кæсæг-Балхъары республикæйы клиникон рынчындон
Кæсæг-Балхъары республикæйы клиникон рынчындоны суазæг кодтой нæ республикæйы сæйраг дохтырты делегаци. Ахæм фембæлд ацыд Цæгат Ирыстоны Тагъдæхуыссы клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Митциты Асланы хъæппæрисæй. Фембæлды сæйраг нысан - сæ фæлтæрддзинад кæрæдзийæн бацамонын. Афтæмæй, Кæсæг-Балхъары клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Мурат Муков æмæ йæ хæдивæг радзырдтой сæ куысты тыххæй, базонгæ кодтой уазджыты се ’нтыстдзинæдтимæ. Ныхас ма кодтой фидæны куысты тыххæй дæр. Кæрæдзийы фарстатæн дзуапп лæвæрдтой. Æрдзырдтой паддзахадон хæслæвæрды æмæ кусджыты мызды тыххæй дæр. Балцы кæронбæттæн, куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ахæм кусгæ фебæлдтытæ араздзысты арæхдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сæйраг дохтырты делегаци бабæрæг кодта Кæсæг-Балхъары республикæйы клиникон рынчындон
Категория:
Новости и СМИ