Ирон æвзаджы рæзты центры специалисттæ сунжæйы скъолайы сарæзтой семинар
Фыдыбæстæйы Стыр хæст кæд райдыдта, Ленинграды æрхъула цас цыд, кæй ном хаста горæт-хъæбатыр Волгоград? Уыимæ, Сунжæйæ рацæугæ хъайтарты цардвæндаг. Ацы историон цаутæн снысан кодтой сæрмагонд гом урок. 4-æм къласы ахуырдзаутæ цымыдисæй хъуыстой ахуыргæнæгмæ, кустой хæслæвæрдтыл, дзырдтой хæсты тыххæй æмдзæвгæтæ, фæрстытæн лæвæрдтой дзуæппытæ. Сæйрагдæр та уый у, æмæ иронау. Кълас у полилингвалон. Ахуыры фыццаг бонтæй фæстæмæ æппæт предметтæй дæр уроктæ цæуынц мадæлон æвзагыл. Гом урочы — ирон æвзаджы рæзты центры специалисттæ. Аргъ кæнынц ахуыртæ куыд арæзт сты, уымæн. Сывæллæттæ куыд арæхсынц иронау дзурынмæ, уыимæ æмткæй райсгæйæ, цавæр æмвæзадыл ис полилингвалон системæ скъолайы, уымæн. Эксперттæ йын нысан кæнынц йæ сæйраг нысан. Адæмон поэтты æмдзæвгæтæ, ирон кæфтытæ, зарджытæ æмæ равдыстытæ. Фæсивæд сæ курдиат не 'вгъау кæнынц. Сæ архæстдзинадæн сын аргъ кæнынц къамисы уæнгтæ. Ацы мадзал у семинары дыккаг хай, снысан æй кодтой ирон æвзаджы бонмæ. Разыйæ баззадысты канд педагогтæ æмæ эксперттæ нæ, фæлæ сывæллæттæ сæхæдæг дæр. Мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ парахат кæнын у ирон æвзаджы рæзты центры сæйраг нысан. Архайд цæуы къæпхæнгай, фæлæ хорз бæрæггæнтимæ. Сывæллæттæ райдиан кълæсты цы зонындзинæдтæ райсой, уыдон сын фидæны ахуырады уыдзысты бындур, зæгъынц эксперттæ. Полилингвалон модельмæ гæсгæ ахуыр кæнынц 17 скъолайы. Ирон æвзаджы рæзты центры специалисттæ ахæм семинартæ аразынц æппынæдзух.