Тырчы цæугæдоны цы сылгоймаг фæдæлдон, уый мард ссардтой
Фыдбылыз æрцыд дысон æмбисæхсæв Доны станцæйы `рдыгæй. Бæллæхы амæттагимæ чи уыдис, уыцы нæлгоймаг бамбарын кодта, ауазæнты `рдыгæй сыл дон кæй ракалд æмæ сæ йæ разæй кæй ахаста. Йæ ныхæсæм гæсгæ, чызгæн йæ бон раленк кæнын нал ссис. Сæрмагонд службæтæн фыдбылызы тыххæй нæлгоймаг афоныл нæ фехъусын кодта. Йæхи хъарутæй йæ агуырдта. Æрмæстдæр сæумæрайсом бадзырдта пъæлицæмæ. Афтæмæй 1984 азы гуырд сылгоймаджы мард ссардтой абон 8 сахаты æмæ 5 минутыл. Хъыгагæн, ивгъуыд улæфæн бонты ма æрцыд æндæр ахæм бæллæх дæр. Знон боны дыккаг æмбисы Цæгат Иыстоны ирвæзынгæнæн службæмæ фехъусын кодтой, Дигорайæ 7 километры дарддæр Дур-Дуры цæугæдоны 1981 азы гуырд нæлгоймаг кæй фæдæлдон. Фæстæдæр ын йæ мард ссардтой бархионтæ. Уæрæсейы ирвæзынгæнджыты службæйы Цæгат Ирыстоны управленийы донуæтты æдасдзинады хайады разамонæг Александр Данилов куыд зæгъы, афтæмæй сæрмагонд найæн бынæттæй уæлдай иннæ рæтты донмæ хизæн нæй. Хæххон цæугæдæттæ уазал сты. Сæ тагъдад та - 10 метры иу секундмæ. Сæ бон у адæймаджы фæфæлдахын, йæ уæрагмæ куы хæццæ кæна, уæддæр. Цæугæдæтты бын вæййы стыр змæлгæ дуртæ. Фыдбылыз расайынæй дзы тæссаг у. Адæм уымæ гæсгæ хъуамæ уой къæрцъхъусдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тырчы цæугæдоны цы сылгоймаг фæдæлдон, уый мард ссардтой
Категория:
Новости и СМИ