Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд

Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд. Уый тыххæй хъусын кæны Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæ. Фæндаг сæхгæныны уынаффæ рахастой боныхъæд кæй аивта, æмæ Гуырдзыстоны `рдыгæй зæйтæ æрцæуынæй тæссаг кæй у, уый аххосæй. Уымæй уæлдай ма уæзласæн транспортæн ацæуыны бар нæй Транскамы дæр. Ныртæккæ сæрмагонд службæтæ фæндаг сыгъдæг кæнынц. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сидынц цæрджытæм, цæмæй сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та хабар кæной ирвæзынгæнджытæм «101», кæнæ «01» сæрмагонд номыртæм.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
50 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии