Кæрон ын нæма ис
Æлбегаты Зелим æмæ Сланты Арсены хъуыддаджы фæзынд ног фæзилæнтæ. Æлбегаты Зелимы адвокат куыд зæгъы, афтæмæй апелляцион нысаниуæгимæ хъаст балæвæрдта Цæгат Кавказы æфсæддон тæрхондоны Президиуммæ. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй сæ курдиатмæ гæсгæ тæрхондон хъуамæ ногæй æркæса хъуыддагмæ. Ис дзы, зæрдæ кæмæ `хсайы, ахæм фæзилæнтæ. Азымы дарджытæн, дам, слест кæныны алы рæстæджыты сæ ныхæстæ сты фæйнæхуызон. Адвокаты ныхæстæм гæсгæ, уыдæттæ къæм æппарынц процессы æнæхиндзинадыл. Ныр закъоны бындурыл хъуамæ æппæт æнæрæстытæ дæр айсой. Гæнæн ис, æмæ процесс бынтон къæссавæлдæхт фæуа. Хабæрттæ куыд цæудзысты, уымæ мах дæр нæ цæст дардзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кæрон ын нæма ис
Категория:
Новости и СМИ