Алы дуджы дæр ис йæхи хъайтар

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Алы дуджы дæр ис йæхи хъайтар. Уыдон, æнæмæнг, цæрынц не `хсæн. Зын сахат сæхиуыл нæ бацауæрдынц. Сæ сæйраг хъуыды вæййы адæмы аирвæзын кæнын. Сæ хъæбатырдзинад, сæ лæгдзинад, сæ уды тых алкæмæн дæр сты фæзминаг. Уымæн æмæ ахæм миниуджытæй хъуамæ æххæст уа алы æцæг адæймаг дæр. Дзодзиаты Астан арæджы райдыдта ацы цауы тыххæй сабырæй æмæ кæмдæр мидбылхудгæйæ дзурын. Фæлæ 4 азы размæ 10-аздзыд лæппуйæ йæ кæстæр æфсымæримæ хæдзары иунæгæй аззад. Æмæ цъысымы бахаудысты. Сæ хæдзары электрон тыхы зæронд телтæ цæхæр калын райдыдтой. Фыццаг уазалгæнæн ссыгъд, уый фæстæ та пиллон скалдтой рудзынгæмбæрзæнтæ. Астан уайтагъд бамбæрста цы кæнын хъæуы, уый. Бадзырдта зынгхуыссынгæнæг службæмæ æмæ йæ мады зæнæджы уынгмæ ракодта. Ныртæккæ Астанмæ ис æрмæстдæр иу бæллиц -фидæны ирвæзынгæнæг суæвын. Дзодзиаты Астан: «Æз фыццаг тынг фæтарсттæн,уый фæстæ фæдзырдтон зынгхуыссынгæнæг службæмæ,æмæ уынгмæ ралыгъдыстæм. Ныртæккæ мæм ис æрмæстдæр иу бæллиц - фидæны ирвæзынгæнæгæй кусын, фæнды мæ адæмæн æхххуыс кæнын, нæ зонын, цæмæдæр мæ тынг фæнды». Сгуыхдзинад равдисынæн бахъуыд иу уысм-4 сикъунды.Ацы рæстæгмæ ныггуыпп кæны гранатæ. Гыццыл-ма хъуыд æмæ Багаты Сослан дзыхъхъмард фæкодтаид. 2010 азы ауыдта расыг лæг. Йæ къухы граната, æртхъирæн дзы кодта цæрджытæм. Сосланæн рахъуыды-бахъуыды кæнынæн рæстæг нал уыд. Гранатæ йæ буарæй æрæхгæдта. Уæззау цæу фæцис.Фæлæ ракодта стыр хорздзинад - адæмы аирвæзын кодта. Багаты Сослан: «Уыцы бон нæ сыхæгтимæ бæрæг кодтам Уæрæсейы бон.Уалынмæ нæ сыхæгтæй иу хъæргæнгææйæ æртахт гранатæимæ.Ме`фсымæр йæ баурæдта,гранатæ йæ къухæй æрхауд.Бирæ адæм дзы уыдис,гранатæ фелвæстон,мæхимæ йæ æрбалхъывтон æмæ машинæйы абадтæн.Аракæс-бакæс кодтон,кæджм æй фехсон.фæлæ алырдыгæй дæр адæм. Сылгоймæгтæ,сывæллæттæ». Хъысмæт æгъатыр у, ахæм цæфтæ фыццаг хатт нæ райста. 1997 азы ОМОНы оперативон къордимæ рацыдысты æфсæддон хæс æххæст кæнынмæ. Бæлтайы фыдгæнджытæ адæмы уацары райстой. Куыд сæ уæгъд кодтой, афтæ Багаты Сослан уæззау цæф фæцис.Дохтыртæ Сослан йæ къæхтыл ногæй слæуудзæнис, зæгъгæ, йын æнхъæл дæр нæ уыдысты. Фæлæ Сослан низимæ карз тохы бацыд.Сдзæбæх ис.Ныртæккæ разамынд дæтты хæрзгæнæг фонд «Право на жизнь», зæгъгæ, уымæн. Æххуыс кæны æфсæддон тыхы ветерантæн. Хорздзинад хæссы дарддæр дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Алы дуджы дæр ис йæхи хъайтар

Категория:

Новости и СМИ