Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны цыртдзæвæнтæ сцалцæг кæндзысты
Цæгат Ирыстоны хæххон хъæуты бацалцæг кæндзысты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны цыртдзæвæнтæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой фæсивæдон организаци «Иры ныфс»-ы минæвæрттæ. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй тагъд цы проект райдайдзæн кусын, уый фæлгæты хъуамæ æфснайд æмæ реставрацигонд æрцæуой 8 цыртдзæвæны. Историон æрмæджытæм гæсгæ, ивгъуыд æнусы, 1940 азы Цæгат Ирыстоны фылдæр адæм цардысты уæлхох бынæтты. Ныртæккæ бынæттон цæрджыты нымæц къаддæр кæны æмæ хъæуты цард æрмынæг, цыртдзæвæнтæ дзы сæ фылдæр æдзæрæгæй баззадысты æмæ заууат уавæрмæ æрцыдысты. Фæлæ æрæджы гранты фæрцы хъуыддаг хорзы 'рдæм аивта. Цыртдзæвæнтæ æмæ æфсымæрон ингæнтæм зилдзысты бархионтæ. Ахæм куыст кæндзысты нæ республикæйы æппæт районты дæр. Уымæй уæлдай, ацы проекты фæлгæты арæзт цæудзысты тематикон лекцитæ æмæ æмбырдтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны цыртдзæвæнтæ сцалцæг кæндзысты
Категория:
Новости и СМИ