Шпагæйы дзæнгæрæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны фехтовани тынг парахат нæу. Фæлæ республикæйы спорстментæ хорз бæрæггæнæнтæ æвдисынц. Хъесаты Маринæ уымæн - ирд дæнцæг. 6 мæйы размæ Уæрæсейы шпажисткæты `хсæн нымад æрцыд хуыздæртæй иуыл. Ивгъуыд мæйы кæрон та рамбылдта «Звезды Балтики», зæгъгæ, ерыстæ. Спорты ацы хуыз куыд равзæрста, уæлахизтæм фæндаг ын чи амоны æмæ йæ бæллицты тыххæй Хъесаты Маринæ радзырдта нæ уацхæссæгæн. Фехтованийы бирæтæм кæд æнцон кæсы, уæд, æрмæст, фыццаг рæстæг. Спорты ацы хуыз æнцон нæу. Йæ сусæгдзинæдтты тыххæй хорз зоны Хъесаты Маринæ. У дæсны спортсмен. Цæры æмæ тренировкæтæ кæын Дзæуджыхъæуы. Цыбыр рæстæгмæ равдыста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Йæ уæлахиздзаутæ ныридæгæн бирæ сты. Фæлæ æрыгон чызг тырны бæрзонддæр къæпхæнтæм. стырдæр уæлахизтæм. Хъесаты Маринæ: «Сбортæ кæй хонынц, уыдонмæ хауы 15 турниры. Дæхи дзы куыд равдисай. цæвæр аргъ дын скæной, уымæ гæсгæ бахауæн ис европæйы æмæ дунеон ерыстæм. Фыццаг 4 турниры та райсæн вæййы æппæты фылдæр балтæ. Афæдзы хатдзæгтæм гæсгæ равзарынц хуыздæр спортсменты. Хорз бæрæггæнæнты фæстæ та дарддæры фæндаг æнтыстджындæр вæййы». Фехтованийы секцимæ Маринæйы йæ мад æрбакодта. Уæвгæ йæ мад та у уæлдæр къæпхæны тренер. Хъесаты Иринæ Сооветон Цæдисы иугонд командæйы дæр архайдта. Спорты фæндаг куыд зын у. уый хорз зоны. Йæ сывæллæттæ дæр спорты ацы хуыз бауарздзысты æмæ йыл кæй ацæудзысты, уый æнхъæл нæ уыд. Фæлæ ныр сæ мады фæндыгыл цæуынц йæ 2 сывæллоны. Хъесаты Маринæ йæ тренировкæтæ иттæг хорз кæны. Йæ тренеримæ залы бирæ сахаттæ арвиты. Уый та дæтты хорз бæрæггæнæнтæ. Йæ тренер дæр разы у æвзонг чызджы æнтыстдзинæдтæй. Иумæ кусынц шпага, кæнæ рапирæйæ раст куыд цæвын хъæуы. Ахуыр кæнынц ног техникæтæ æмæ сæ кæм æмæ куыд пайда кæнын хъæуы, уый. Ныртæккæ ацы æрыгон æмæ рæсугъд спорстменкæ йæхи цæттæ кæны ног ерыстæм. Уыдзысты декабры Францийы. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ бæрæг уыдзæн, Европæйы Чемпионаты архайджыты номхыгъдмæ йæ бахæсдзысты æви нæ, уый. Уый фæстæ та Уæрæсейы иугонд командæимæ йæхи цæттæ кæндзæн дунейы чемпионатмæ. Фæлæ куыд алы спортсменæн, афтæ йæ стырдæр бæллиц у Олимпаг хъæзтыты архайын. Чи зоны æмæ дунейы кадджындæр ерысты пъедесталы бæрзонддæр къæпхæнмæ та схиздзæн ирыстойнаг чызг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Шпагæйы дзæнгæрæг

Категория:

Новости и СМИ