Цæгат Ирыстоны дарддæр æнтыстджынæй кусынц скъолаты цур лагертæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

47 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Цæгат Ирыстоны дарддæр æнтыстджынæй кусынц скъолаты цур лагертæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

47 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

47 просмотров

3 года назад

Мультипликацион киноныв фыццаг хатт сисын, робототехникæйы æууæлтæ базонын æмæ ног æмбæлтты ссарын. Республикæйы йæ тæмæны бацыд скъолаты цур лагерты куыст. Мадзæлтты программæ у хъæздыг æмæ цымыдисаг: æрвылбон экскурситæ, алыхуызон дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ хъæлдзæг флешмобтæ. Зæрдæмæдзæугæ архайд йæхицæн алы саби дæр ссары. Райсомæй, 9 сахатыл зарядкæ, кæфтытæ, уæнгрогдзинад æмæ хъæлдзæг зæрдæйы ахастæн. Дарддæр та — ноджы цымыдисагдæр мадзæлттæ. Раздзогты ныхæстæм гæсгæ, Алагиры 3-æм скъолайы лагеры программæ хъæздыг у — æрвылбон экскурситæ, спортивон секцитæ æмæ музыкалон ахуыртæ. Сывæллæттæ ардæм æхсызгонæй цæуынц. Уæлдайдæр та, ацы аз лагерь у тематикон. Скъоладзауты ахуыр кæнынц финансон зонындзинæдтыл, кæй зæгъын æй хъæуы, хъазты хуызы. Иу сменæйы æмгъуыд у 18 боны. Уыцы рæстæг сывæллæттæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитынц, фæлæ ма уыимæ, архайынц æфсæддон-патриотон мадзæлтты, флешмобты, саразынц бæрæгбæттæ. Скъолайы разамынды минæвæрттæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй лагермæ цæуын кæй фæнды, ахæм скъоладзауты нымæц гыццыл нæу. Цы квотæ сын рахай кодтой, уый тагъд æрцыд æххæстгонд. Шахмæтты æмæ æндæр хъæзтыты фæстæ Алагиры 5-æм скъолайы сывæллæттæ хæрзад сихор бахæрынц. Дарддæр сæм фенхъæлмæ кæсынц центр «Вершина»-йы. Раздзогтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сменæ «Математикон калейдоскоп» дзæгъæлы нæ хуыйны. Æргом здæхт цæуы сфæлдыстадæй архайæг фæсивæдмæ дæр. Семæ кусынц уæлæмхасæн ахуырады педагогтæ. Сывæллæттæ исынц мультипликацион кинонывтæ, ныв кæнынц, зарынц. Лагертæ кусынц дыууæ сменæйæ. Педагогтæ æмæ раздзогтæ ацыдысты дæсныйад уæлдæргæнæн курсытæ Мидхъуыддæгты, Æнæнхъæлæджы цауты министрадты, Фæлхасгæнджытæм цæстдарды æмæ иннæ дзуаптæттæг бæрнадты минæвæрттимæ. Разæй сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсынц алыхуызон ахуыртæ, «Кванториум», Космонавтикæйы скъола, IT-куб æмæ æндæр цымыдисаг бынæттæ.

, чтобы оставлять комментарии