Дзæуджыхъæуы центрон чиныгдоны сбæрæг кодтой фыссæг, тæлмацгæнæг уыгаты ергейы гуырæнбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

124 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Дзæуджыхъæуы центрон чиныгдоны сбæрæг кодтой фыссæг, тæлмацгæнæг уыгаты ергейы гуырæнбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

124 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

124 просмотра

3 года назад

90 азы сæрты. Зындгонд фыссæг, тæлмацгæнæг Хуыгаты Сергей сбæрæг кодта йæ юбилей. Кадджын мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы центрон чиныгдоны. Юбилярæн раарфæ кодтой республикæйы æхсæнады минæвæрттæ, Ирыстоны фысджытæ, Тарскæйы цæрджытæ. Ирон æгъдау куыд амоны, афтæ сæмбæлдысты бæрæгбоны кадджын æмæ сæйраг уазæг  Хуыгаты Сергейыл. Уыимæ ма тыхджын къухæмдзæгъд æмæ арфæйы ныхæстæ. Зындгонд фыссæгæн йæ къух райсын æмæ йæ фарсмæ алæууын йемæ къам сисынмæ сæмбырд дæсгай адæм. Дзæуджыхъæуы центрон чиныгдоны æрбамбырд сты йæ хæлæрттæ, раздæры æмкусджытæ, ахуыргæндтæ, æхсæнадон архайджытæ. Се 'ппæт дæр æй зонынц хæларзæрдæ, рæстуд æмæ æгъдауджын хистæрæй. Юбилярæн  бацæттæ кодтой хъæздыг программæ. Æмдзæвгæтæ, музыкалон æмæ вокалон номыртæ. Хуыгаты Сергей райгуырд 1933-æм азы Хуссар Ирыстоны. Дæс азы йыл куы цыд, уæд йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ, æрцардысты Тарскæйы. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта нырма скъоладзауæй. Йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта 1950-æм азы. Уыцы рæстæг Ходы Камал æмæ Джыккайты Шамилимæ иумæйагæй рауагъта æмдзæвгæты æмбырдгонд «Бонвæрнон». Фæстæдæр мыхуыры рацыдысты, чиныгкæсæджы зæрдæтæм фæндаг чи ссардта, уыцы сфæлдыстадон уацмыстӕ. «Гъе, уый дын Хепа», «Къостайы авдæн», «Сæнæфсиры цупæлттæ». Фылдæр фыссы хуымæтæг, æмбаргæ æвзагæй. Стыр бынат дзы ахсы юмор æмæ сатирæ. Удуæлдайæ бакуыста роман-миф «Нарты фарнæг»-ыл. Хуыгаты Сергей куыста ахуыргæнæгæй дæр. Уымæй уæлдай фæсаууонмæ ахуыр кодта Максим Горькийы номыл литературон институты. Уæдæ 50 азы бæрц та уыд рауагъдад «Ир»-ы хистæр редакторæй. Рауагъдады кусджыты ныхæстæм гæсгæ, Хуыгаты Сергейы амынддзинæдтæй лæмбынæг хъусынц абон дæр. Йе 'рбацыд та сын вæййы стыр лæвар. Цы сфæлдыстадон бынтæ скодта фыссæг уыдон сты бæркадджын. Йæ уацмысты равдыста йæ æнкъарæнтæ. Сæйрагдæр дзы равдыста йæ райгуырæн бæстæмæ æгæрон уарзондзинад. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ йын кæстæртæ хæсдзысты йæ хъуыдытæ, йе 'гъдау æмæ йæ фарн.

, чтобы оставлять комментарии