Профессионалон бæрæгбон
Цæгат Ирыстоны таможняйы кусджытæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон. Нæ республикæйы фæзынд 26 азы размæ. Абон кадджын уавæры, управленийы кусджыты схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй Таможняйы кусджытимæ æмархайд ахады уадзæн пунктты куыстыл. Уый та цардыуаджы алы къабæзтыл æнæфæзынгæ нæ фæвæййы. Сæ куыст кæнынц, куыд æмбæлы афтæ. Хæслæвæрдтæ дæр раст æххæст кæнынц. Уый тыххæй сын республикæйы сæргълæууæг загъта «бузныг». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Профессионалон бæрæгбон
Категория:
Новости и СМИ