Æрмæст рог хæдтулгæтæ
Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ фæндагыл 500 уæзласæн хæдтулгæйæ фылдæрæн сæ бон арæны сæрты ахизын нæу. Фæндаг сын нырма æхгæд у. Уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» рады лæууынц бирæ хæдтулгæтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фæндаг боныхъæды аххосæй 15-æм ноябры кæй сæхгæдтой цавæрфæнды хуызы хæдтулгæтæн. 18-æм ноябры йыл ацæуыны бар радтой рог хæдтулгæты шофыртæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрмæст рог хæдтулгæтæ
Категория:
Новости и СМИ