ЦИПУ-йы ахуыр кæндзысты 3 студенты Донбассæй
3 студенты Донбассæй ног къуырийæ ахуыр кæндзысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Уæлдæр ахуыргæнæндонмæ сæ райстой фæсарæйнæгты квотæтæм гæсгæ. Ахуыр кæндзысты психологон-педагогон, стæй экономикæ æмæ разамынды факультетты. Абон фæсивæдимæ фембæлд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан. Радзырдта сын университеты гæнæнты тыххæй, цавæр æххуыс сын бакæндзысты ам ахуыргæнгæйæ, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv