Премьерæ Дыгурон театры
Оперæ æмæ балеты театры чысыл раздæр уыд премьерæ. Аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой Шекспиры пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «12-æм æхсæв». Бакуыста йыл зындгонд францусаг режиссер Ален МаратрА. Пьесæ дыгуронау сдзырдта Хадаты Альберты руаджы. Труппæ йыл куыста 9 мæйы æмæ, актерты ныхæстæм гæсгæ, рауад тынг цымыдисаг. Спектаклæн декорацитæ скодта нывгæнæг Мирей ДессанжИ. Уый æрхъуыды кодта артистты уæлæдарæс дæр æмæ хъæугæ реквизиттæ. Пьесæйы сæйраг темæ у уарзондзинад. Раргом дзы кодтой адæймаджы æппæт миниуджытæ дæр. Премьерæмæ æрбацыд бирæ адæм. Сæ тыхджын къухæмдзæгъдæй бæрæг уыд, сæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый. Спектакльмæ ма бакæсæн уыдзæн райсом æмæ иннæбон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Премьерæ Дыгурон театры
Категория:
Новости и СМИ