Æнæниз ут!
Æхснырсæг æмæ хуыфæджы низтæ Цæгат Ирыстоны нæ апарахат сты. Гриппы фыццаг миниуджытæ йæхиуыл чи банкъардта, уыдоны нымæц дæр хæрз чысыл у. Уый тыххæй хъусын кæнынц Уæрæсейы фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы минæвæрттæ. Ивгъуыд къуыри, Цæгат Ирыстоны, хæцгæ низты миниуджытимæ дохтыртæ рабæрæг кодтой 2 мин адæймаджы. Уазæлтты фæрынчын уæвын æнцондæр у. Уыимæ, æхснырсæджы кæнæ гриппы фыццаг миниуджытæ йæхиуыл чи банкъара, уый хъуамæ æнæмæнг бацагура дохтырты æххуыс. Фæнысан кæндзыстæм уый æмæ Цæгат Ирыстоны фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы кусы комкоммæ бастдзинады телефон. Уагдоны кусджытæ бæлвырдæй радзурдзысты, гриппæй хи куыд бахъахъхъæнын хъæуы, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнæниз ут!
Категория:
Новости и СМИ