Цæгат Ирыстоны цæрæг адавдта дзуары мысайнæгтæ
Нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрадæй куыд фехъусын кодтой абон, афтæмæмæй Дзæуджыхъæуы 32 аздзыд сылгоймаг адавта Иры хъæуы цы «Хуыцауы Дзуар» ис, уый мысайнæгтæ. Пъæлицæйæгтæм уый тыххæй бахъаст кодта бынæттон цæрæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сылгоймаг ныфс бахаста, Ирыстоны цæрджытæ Хуыцаумæ скувынмæ цы сыгъдæг бынатмæ бацæуынц, уым чъизи ми саразын. Фыдракæнд ма систой видеоцæстдарæн камерæтæ дæр. Бæрæг дзы дары, дзуарæй саусæр сылгоймаг æхца кæй исы. Пъæлицæйы кусджытæ йæ æрцахстой. Куыд рабæрæг, афтæмæй сылгоймаг у æгуыст. Ахæм худинаггæнæджы митæ иу æмæ дыууæ хатты не-скодта. Мидхъуыддæгты министрады кусджыты æрфарсты йæ рæдыдыл басаст. Ныр хъуыддаджы фæдыл, гæнæн ис, æмæ байгом кæной уголовон хъуыддаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны цæрæг адавдта дзуары мысайнæгтæ
Категория:
Новости и СМИ