Барджыты цæттæ кæндзысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Битарты Вячеслав рахæцыд Цæгат Ирыстоны каскадерты центр саразыны хъæппæрисы фарс. Ахæм хъæппæрис та йæм бахаста зындгонд каскадер Уртаты Эльбрус. Хъуамæ дзы фæсивæды цæттæ кæной æппæтдунеон кинонывты архайынмæ. Актер æмæ каскадеры ныхæстæм гæсгæ, рагæй хъуыды кæны ирон бæхылбадджыты традицитæ сног кæныныл. Сæ рæстæджы сын бындур сæвæрдтой Хъантемыраты æмæ Тугъанты мыггæгтæ. Ныртæккæ сæ хъомылгæнинæгтæ æнтыстджынæй кусынц дунеон циркты æмæ кинонывты. Каскадеры хъуыдымæ гæсгæ, ахæм центры æрыгон курдиатджын фæсивæд ахуыр кæндзысты бæхтимæ трюктыл. Уымæй уæлдай ма центры республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн уыдзæн баулæфыны фадат. Уыимæ æмбал кæмæн нæй, ахæм фадæтты. Уртаты Эльбрус куыд бафиппайдта, афтæмæй æрбахондзæн специалистты æмæ ссардзæн æндæр хъæугæ гæнæнтæ дæр. Цæттæ у центры пълан дæр. Битарты Вячеслав зæрдæ бавæрдта, проект саразынæн кæй баххуыс кæндзæн, уымæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы разамынд радих кæндзæн центры арæзтадæн зæххы хай æмæ йæ саив кæндзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Барджыты цæттæ кæндзысты

Категория:

Новости и СМИ