Фатертæ сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн
60 сидзæр сывæллонæн ратдзысты фатертæ. Уый тыххæй сæрмагонд æмбырды фехъусын кодта нæ республикæйы сæргълæууæг. Уый фембæлд сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтимæ. Фæсивæдæн цæрæнуæттæ ратдзысты ног азы. Се `ппæт дæр скъолатæ каст фесты, ахуыр кæнынц училищæты æмæ техникумты. Æмбырды ма архайдтой министрадты разамонджытæ æмæ сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæнджытæ. Уыдонæй алчидæр хъуамæ йæ цæст дара хицæн сывæллоны цардмæ, æмæ сын æххуыс кæной. Чызджытæ æмæ лæппутæ сæ фарстытæ радтой Битарты Вячеславмæ. Фылдæр сæ тыхсын кодта цæрæнуæттæ райсыны фарста. 60 адæймагæй фæстæмæ ма рады лæууынц 900-йæ. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты уавæр фæрогдæр кæнынæн сараздзысты алыхуызон мадзæлттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фатертæ сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн
Категория:
Новости и СМИ