Хуынчъытæ транспорт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

9 лет назад

Æрвылбон Цæгат Ирыстоны цæрджыты нæ республикæйы алы къуымтæм цы автобустæ бахæццæ кæнынц, уыдон заууатмæ æрцыдысты. Бæлццæттæ хъаст кæнынц, ахæм траспорты æрмæст бабадын дæр сæхицæн тæссагыл нымайынц. Дзуаппдæттæг министрады уыимæ зразы не сты. Техникон æгъдауæй, дам, транспортмæ ис æмбæлгæ æркаст, алцæмæй дæр сты ифтонг, уымæ гæсгæ æдасдзинадæн дæр тæссаг не сты. Уæдæ, цымæ, чи у растдæр? Уый раиртасыныл бацархайдтой нæ уацхæсджытæ дæр. Цы сын бантыст, уымæ бакæсут. 65 километры бирæ нæу. Уæдæ Дзæуджыхъæуæй Мызурмæ суайынæн та сахатæй фылдæр нæ бахъæудзæн. Рæстæг адæмыл куыд атæхы, уый зонгæ дæр нæ бакæнынц æрдзы рæсугъд нывтæм кæсгæйæ. Уæлладжыры комы уыдон - фагæй фылдæр. Фæлæ æппæт уыцы диссæгты æхсæн - иу зæрдæхсаинаг хъуыддаг. Æхсæнадон транспорты уавæр цæсты нæ ахады, уый фаг нæу. Фæлæ ма фæндагыл куы базгъæлæнтæ уа, уымæй дæр тæссаг у. Цæуын та йыл фæлварæн радтынæй уæлдай нæу. Мызурмæ фæндагыл кæй сæвæрдтой, уыцы автобусыл рацыд 10 азы. Йе `фсæйнаджы згæ йыл фæрдгуытау дзедзырой кæны. Автобусы фæрстæн сæ хуынчъыты дымгæ нæ, фæлæ нæл гæды дæр асæррæтт кæндзæн. Республикæйы фæндæгтыл æрвылбон цы 170 автобусы цæуы, уыдонæй дæр бирæтæ хуыздæр уавæры не сты. Ахæм транспорты цæуын искæй зæрдæмæ цæуа, уый зын бауырнæн у. Дзуапдæттæг министрады адæмы басабыртæ кæнынмæ батагъд кодтой: кæд, дам, транспортæн йе `ддаг бакаст аив нæу, уæддæр, зæгъынц, алцæмæй дæр ифтонг у. Уæдæ адæмы æдасдзинады тыххæй дæр суанг басомы кæныныл разы сты. Æрвылбон хæдтулгæтæм æркæсынц техникон æгъдауæй. Шофырты та æнæ медицинон цæстæнгасæй автобусмæ хæстæг дæр нæ бауадздзысты. Бæргæ сæ фæнды министрады дæр ног автобустæ самал кæнын, фæлæ сæ авналæнтæ уый нæма амонынц. Архайынц ыл уæддæр. Министрады сæ аххос зонынц. Фæлæ адæм дæр паддзахады исбонмæ куыдфæндыйæ кæй кæсынц, уый уынынц. Бæлццæттæ транспорттыл нæ ауæрдынц. Сæ къухтæ иу ран кæмæн нæ лæууынц, æппынæдзух исты знаггад ракæнын кæмæ цæуы, ахæмтæ дæр къаддæр не сты. Автобустæ рæвдздæр ныззаууат уой, ууыл цыма архайынц, афтæ. Гæззаты Зæринæ, Джиоты Николас,Суанты Алан,Ирыстоны хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хуынчъытæ транспорт

Категория:

Новости и СМИ