Бæрæгбоны агъоммæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Раздæрау, Ног азы агъоммæ, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта нæ республикæйы алы къабазы хуыздæр кусджыты. Бабæрæг кодта Алагиры район, Национ музей æмæ Дзæуджыхъæуы администраци. Бæлвырддæр, не*сфæлдыстадон къорды æрмæджы. Нæ республикæйы сæргълæууæджы абон суазæг кодтой Алагиры районы. Культурæйы галуаны æрæмбырд сты алы къабазы хуыздæр кусджытæ. Сæ куыст зæрдиагæй бирæ азты кæй æххæст кæнынц, уый фæдыл сын бузныджы ныхæстæ загъта Битарты Вячеслав. Битарты Вячеслав сæ схорзæхджын кодта хæрзиуджытæй.11 адæймаджы нæ республикæйы сæргълæууджы номæй райстой кады гæххæттытæ , 9 та - кады гæххæтытæ Алагиры бынæттон администрацийы номæй. Се 'хсæн хъæууон хæдзарад æмæ ахуырады кусджытæ. Дарддæр нæ республикæйы сæргълæууæг йæ фæндаг акодта Цæгат Ирыстоны Национ музеймæ. Уым та падззахадон хæрзиуджытæ райстой 20 адæймаджы. 4-æй райстой майдантæ "Во славу Осетии", зæгъгæ, 5- кады гæххæттытæ. 6 адæймаджы та саккаг кодтой сгуыхт кусæджы нæмттæй- наукæ, ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ спорты къабæзты. Нæ республикæйы раззагдæр фæллойгæнджыты хорзæхджын кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы. Битарты Вячеслав уазджытæн Ног азы фæдыл раарфæ кодта. Хуыздæрты фæнысан кодта. Битарты Вячеслав дарддæр дæр фæнд кæны нæ республикæйы хуыздæр кусджыты хорзæхджын кæнын. Райсом бабæрæг кæндзæн Горæтгæрон район . _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Бæрæгбоны агъоммæ

Категория:

Новости и СМИ