Лифтыты бындурон цалцæджы программæмæ гæсгæ 166 лифтæй ма хъæуы 33 лифты баивын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтытæ ногæй ивынц, уый уын нæ раздæры равдыстыты фехъусын кодтам. Бирæ хæдзæртты лифтытæ `рцыдысты заууатмæ. Ивгъуыд аз сæ цалцæг кæнын райдыдтой. Уæлдай тынгдæр къуылымпыдзинæдтæ `ййæфтой, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдон, стæй карджын адæм. Уыдон-иу мæйгæйттæ фатерæй хизгæ дæр нæ ракодтой, уæлæмæ ма куыд схиздзыстæм, зæгъгæ. Ныр хъуыддаг хуыздæрмæ аивта. Цæрджытæ ног лифтытыл дæлæмæ – уæлæмæ кæнынц. Семæ – Доваторы проспекты, 19-æм хæдзары цæрджытæ дæр. Се `нкъарæнтæ нæ басусæг кодтой ме `мкусæг Брытъиаты Феликсæй дæр. Уæллæй, иунæг лифт дæр хæдзары æнæсгæрстæй нал ныууагъта. Ам, Доваторы номыл уынджы 19-æм хæдзары зæронд лифтытæ бæлвырд рæстæджы æмгъуыдмæ ивд не `рцыдысты. Ныр сæ хъул сах абадт, æмæ къуырийы дæргъы цин кæнынц ног лифттыл. Уыдон дзуапп дæттынц æппæт нырыккон домæнтæн. Кусынц æнæ къуылымпытæй. Кабинæтæ уынæр нæ кæнынц, сæ уæзæгтæ ласæн бæрæггæнæнтæ дæр фæфылдæр сты. Алы уæладзыг дæр сылгоймаджы хъæлæс фæлхат кæгы. Кабинæтæ сты автоматизацигонд, ис дзы, бахъуаджы рæстæг диспетчермæ бадзурыны фæрæз дæр. Сæ бахизæнтæ сын сифтонг кодтой видеоцæстдарды системæтæй, ахæм хуызы сæ бахъахъхъæндзысты знаггадгæнджытæй. Удæнцойдзинадæн аргъ скодтой бынæттон цæрджытæ дæр. Доваторы номыл уынджы, 19 -æм хæдзары цæрæг Афанасьева Любовь: «Ног лифтытæ, кæй зæгъын æй хъæуы афтæ уынæр нæ кæнынц. Зæронд лифты хъæр суанг мидæггаг уатмæ дæр хъуысыдис. Æнæсхъиугæ мæ лæгъз цыд кæнынц. Æрмæстдæр йæ дуар афтæ сындæггай гом кæны, ома æрæгмæ гомау, уæвгæ уымæн дæр ницы у. Нæ зæрдæ цæуы куыд кусынц уый. Мæ бон уый у зæгъын мæ сыхæгты номæй дæр». Бирæуæладзыгон хæдзары лифт никуы баивтой. Ног лифтытæй цæрджытæн зæрдæ бавæрдтой ивгъуыд азы. Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой ноябры. Райхæлдтой зæронд лифтытæ. Æрбаластой ног кусæнгæрзтæ. Бындурон цалцæг æххæстгæнæг куыстуæтты иумæйаг бадзырдмæ гæсгæ æдæппæтæй баивын хъуыд 166 лифты. Уыдонæй 93 лифты – 2018 азы кæронмæ. Цы 73 кабинæйы ма дзы баззад, уыдон 15 апрельмæ хъуамæ сцалцæг кодтаиккой. Фæлæ нæ рауад. Алы аххосæгтæм гæсгæ. Уыимæ ма ног лифтыты дæр хъæндзинæдтæ разынд. Уавæрыл сахадыдтой цæрæнуæтты-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрады кусджытæ. Цæрæнуæтты-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министр Майран Тамайты: «Хъыгагæн, куыстыты фыццаг къæпхæнæй разыйæ нæ баззадыстæм. Семæ куы аныхас кодтам, уæд иу хатдзæгмæ æрцыдыстæм. Хъæуы сæ сæ куыстыты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын. Радтам сын рæстæг, цæмæй сæ куыст дæр банывыл кæной. 2019 азы райдианæй хъæндзинæдтæ иуварс кæнын райдыдтой. Цалдæр бригадæйы ивд æрцыдысты, рæстæг дæр сын уæдæ бирæ нæ уыд. Абоны бонмæ 133 лифты кусынц. Иуæй-иутæ ма дзы хъуамæ сбæрæг кæной Ростехнаддзоры специалисттæ». Цы 80 лифты ма хъуыд ног азы райдианæй сцалцæг кæнын, уыдонæй ма баззад 33. Иннæты аиппытæ уал аиуварс кодтой. Се `скусыны размæ лифтытæ сбæрæг кодта Уæрæсейы фæлхасгæнджыты разамынды сæрмагонд къамис. Ныр сæ пайда кæнынц, сты разамынддæттæг компанийы бæрны. Æдæппæтæй лифтытæ баивыныл бахардз кодтой 360 милуан сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Лифтыты бындурон цалцæджы программæмæ гæсгæ 166 лифтæй ма хъæуы 33 лифты баивын

Категория:

Новости и СМИ