Ипотекæ æнцондæрæй
Цæгат Ирыстоны паралмент сарæзта уалдзыгон кæронбæттæн пленарон æмбырд. Ипотекæ исыны, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ æндæр фарстатыл æрдзырдтой депутаттæ. Уый фæстæ та парламенты сæрдар Алексей Мачнев фембæлд журналисттимæ. Бæлвырддæр хабæрттæ уын радзурдзæн ме мкусæг Биджелты Бертæ. Ивддзинæдтæ хаст æрцыд бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы фæткмæ. Уый тыххæй закъоны проект фыццаг æркасты абон сфидар кодтой Цæгат Ирыстоны парламенты æмбырды. Ныр бындурон цалцæджы регионалон программæйы фæрæзтæй фыццаджыдæр цалцæггонд цæудзысты газуадзæн æмæ лифтыты системæтæ. Куыстыты æмгъуыд та хицауад бæрæг кæндзæн. Профилон ведомствойы бæрæггæнæнтæм гæсгæ республикæйы 449 лифты базæронд сты. Ног закъоны руаджы Дзæуджыхъæуы æмæ Мызуры ацы аз сæ иу хай баивдзысты. Æмбырды ма байхъуыстой республикон бюджет 2017-æм аз æмæ 2018-æмы фыццаг кварталы куыд хардзгонд æрцыд, уымæ. Уæлæмхасæн социалон æххуыс райсдзысты ипотекæйы кредиттæй цы æрыгон бинонтæ спайда кæной, уыдон. Закъонмæ гæсгæ субсидитæ дæттдзысты хæдзар æлхæнгæйæ, æххуысхъуаг адæм фыццаг фыст куы кæной, уæд. Уымæй уæлдай ма сын фадат уыдзæн ипотекæйы проценттæ компенсацийы хуызы райсын дæр. Ацы закъоны проектмæ уæлдай цæстдард æрдардта парламенты сæрдар Алексей Мачнев йæ пресс-конференцийы. Арæзт уыд уалдзыгон сессийы хатдзæгтæ бæрæг кæнгæйæ. Журналисттимæ фембæлды ма æрдзырдтой пенситы реформæйыл, республикæйы парламенты депутатты ногæй иумандатон системæмæ гæсгæ æвзарыныл, фæсивæдон парламенты куыст æмæ зæххыты кадастрон аргъыл. Алексей Мачнев ма бафиппайдта Хъырымы параламент æмæ Севастополы закъонадон æмбырд æмгуыстады бадзырдтæ кæй бафыстой, уый. Стæй йын цы нысаниуæг ис, уый. Парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, уалдзыгон сесси парламентæн æнтыстджын рауад. Депутаттæ пъланæй уæлдай сарæзтой дыууæ уæлæмхасæн пленарон æмбырды. Æркастысты царды алы къабæзтыл закъонтæм. Ногдзинæдтæ фæзынд депутатты куысты дæр. Алы майрæмбон вæййы депутаты бон - уæд фембæлынц адæмимæ. Фæнд ма кæнынц квартал иу хатт районтæм дæр цæуын. Ахæм куысты руаджы депутаттæ хуыздæр базондзысты республикæйы цæрджыты лыггæнинаг фарстатæ. Парламенты спикер ма арфæ ракодта журналисттæн, Уæрæсейы иугонд командæ футболæй дунейы ерысты хорз кæй хъазы, уый фæдыл. «Уый абон æрмæст спортивон нæ, фæлæ ма политикон цау у нæ бæстæйæн. Уæлдай æхсызгон, не мзæххон командæйы сæргъы кæй лæууы!»-загъта Алексей Мачнев. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ипотекæ æнцондæрæй
Категория:
Новости и СМИ