Сæ хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны кадæн сарæзтой сæрмагонд акци

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Мидхъуыддæгты министрады кусджытæй сæ хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны кадæн сарæзтой сæрмагонд акци дæр. Профилон министрады кусджытæ систой видеоæрмæг Джыбылаты Зауыры тыххæй. Бынатæн развæрстой, Беслæны йæ номыл цы уынг ис, уый. Бынæттон цæрджытæ радзырдтой, Уæрæсейы хъæбатыры тыххæй цы зонынц, уый. 2012-æм азы 23 октябры пъæлицæйы кæстæр лейтенант Джыбылаты Зауыр фæмард фыдгæнджыты ныхмæ тох кæнгæйæ. Уыцы райсом Зауыр йæ службæ æххæст кодта Хъызлары постыл. 4 сахаты 15 минутыл шлагбауммæ æрбахæццæ хæцæнгарзæй дзаг хæдтулгæ. Пъæлицæйы кусджытæ йæм æркæсыны фæнд куы скодтой, уæд æрцыд срæмыгъд. Фæндаггон-патрулон службæйы æрыгон кусæг Джыбылаты Зауыр адæмы бахъахъхъæнынæн йæ цард нæ бавгъау кодта. Уæрæсейы президенты уынаффæмæ гæсгæ, куыст æххæстгæнгæйæ Джыбылаты Зауыр цы хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй пъæлицæйы лейтенантæн саккаг кодтой Уæрæсейы хъæбатыры ном. Джыбылаты Зауыры ном æнустæм дæр хъуыды кæндзысты. Йæ кадæн нæ республикæйы арæзт цæуынц алыхуызон спортивон ерыстæ. Скъоладзаутæн хъæбатырдзинады урокты радзурынц йæ лæгдзинады тыххæй. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн дæр у дæнцæгæн хæссинаг. Хъайтыхъты Виталий: «Æз Джыбылаты Зауыры хорз зыдтон. Иумæ барадхъахъæнæн оргæнты службæ кæнын райдыдтам. Рахизфарсы районы мидхъуыддæгты хайадмæ мæнæй иу аз раздæр æрбацыд. Зауыр уыди тынг æгъдауджын адæймаг, цардуарзон. Бирæ æмбæлттæ йын уыди, йæ кусджытæ дæр æм иууылдæр иттæг хорз цæтæй кастысты. Уыди, зындзинады рæстæг ныфс хæссæн кæмæй ис, ахæм адæймаг. Уыцы сау бон хуымæтæг кусæг бон уыди. Йæ размæ цы фыдгæнæнг фæци, уый ныхмæ æрлæууыди, хъуыдыд дæр ыл нæ акодта. Йæ цард радта, цæмæй фыдгæнæг кæдæм хъавыд, уым адæм хъыгдæрд ма баййафой». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сæ хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны кадæн сарæзтой сæрмагонд акци

Категория:

Новости и СМИ