Цыколайы культурæйы галуаны сфæлдыстадон къордтæ æнтыстджынæй архайынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 года назад

Аивады бæрзæндтæм. Цыколайы культурæйы галуаны кусджытæ æрвылбон архайынц фæсивæды райрæзтыл. 500 сывæллоны сæхи фæлварынц кафты, зарды, театралон дæсныйады æмæ æндæр сфæлдыстадон къордты. Сценæ æмæ кафтимæ Дзадзаты Рамазан йæ уды тæгтæй баст у сабибонтæй фæстæмæ. Цалдæр мæйы размæ та ма йæхи фæлварын райдыдта хъаматимæ кафты дæр. Аивады ацы хуызмæ фæндаг хуымæтæг нæу. Домы бирæ рæстæг æмæ фыдæбон, быхсын хъæуы буары хъæдгæмттæ æмæ ностæн. Фæлæ йæ кæронбæттæны хатдзæг уый аргъ у. Ахуыры цыдмæ лæмбынæг йæ цæст дары фæлтæрдджын хореограф. Джиоты Хасан 8 азы размæ æнхъæл дæр нæ уыд, сабитимæ кæй кусдзæн. Хъантемыраты зындгонд труппæимæ æрзылд æгас Европæйыл. Абон йæ хъару не 'вгъау кæны йæ дæсныйадæн. Æнæ йæ хъомылгæнинæгтæй йæ цард уынгæ дæр нæ кæны. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у сывæллæтты зæрдæтæм фæндаг ссарын, уый фæстæ та ахуыр кæнын буары алы нуарæй дæр æппæты рæсугъддæр æмæ удджындæр æнкъарæнтæ æвдисын. Уæвгæ, аивадмæ æмхиц фæсивæдæй Цыкола у раппæлинаг. Культурæйы галуаны сфæлдыстадон куыст иу минут дæр не ’рлæууы. Æрвылбон ам сывæллæттимæ кусы ахуыргæнджыты къорд. Цæгъдын, зарын, театралон дæсныйад æмæ бирæ æндæр сфæлдыстадон къорды архайынц 5 сæдæмæ 'ввахс сывæллоны. Сæ разамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахсджиаг уый у, æмæ сæ культурон райрæзтæй уæлдай, сывæллæттæ пайдаимæ 'рвитынц сæ уæгъд рæстæг, ахуыр кæнынц хæлардзинад æмæ иудзинадыл. Культурæйы галуаны сфæлдыстадон къордтæ æдзух æнтыстджынæй сæхи æвдисынц алыхуызон æркастыты. Цыколайы ном уæлдæр кæнынц канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Сывæллæттыл æнувыд специалисттæ та фидарæй зонынц, аккаг фæсивæд схъомыл кæнæн ис æрмæст аивадмæ æгæрон уарзондзинад гуырын кæнгæйæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv