Адæмон кафты ансамбль «Сафар» рамбылдта фестиваль «Кафты дуне»-йы Гран-при

2 тыс. подписчиков

12+
12+

41 просмотр

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

41 просмотр

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

41 просмотр

3 года назад

Адæмон кафты ансамбль «Сафар» радон хатт аивадуарзджыты сцымыдис кодта ирд æмæ аив равдыстæй. Æрæджы рамбылдтой æрвылазон фестиваль «Кафты дуне»-йы гран-при. Уæрæсейы регионты кафджыты къордты 'хсæн хуыздæр суæвыныл архайгæйæ, æрыгон артисттæ сæхиуыл нæ ауæрзтой. Хъуылымбегты Камиллæ кафты сусæгдзинæдтæ басгарыныл архайы ныр 9 азы дæргъы. Æрмæст кафты койæ дæр йæ зæрдæ æхсызгондзинадæй байдзаг вæййы. Æгæрон курдиаты хицау кæй у, уый фыццаг бамбæрстой йæ ныййарджытæ. Уæдæй нырмæ кафт сси йæ царды ахджиагдæр нысан, уæлмонц æнкъарæнты суадон æмæ дзы йæ дойны сæтты. Бураты Артур къорд «Сафар»-мæ куы 'рбацыд, уæдæй Камиллæ кафты у йе 'мкъай. Фæнды сæ аивады бæрзæндтæм схизын æмæ рæзгæ фæлтæрæн дæнцæгæн хæссинаг уæвын. Камиллæ æмæ Артур ахуыр кæнынц Рафаэль Партиспанянмæ. Уый у адæмон кафты ансамбль «Сафар»-ы разамонæг. Къорды цы фæсивæд ис, уыдонæн Рафаэль канд ахуыргæнæг нæу, фæлæ зондамонæг дæр. Каджын хистæры уарзгæ дæр фыды хуызæн кæнынц. Ансамблæй концертты архайынц 70 адæймаджы, сæ кар — 6-æй 18 азы онг. Рафаэль Партиспанян сæ алкæй зæрдæмæ дæр ссары фæндаг. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын сывæллæттæ размæ тырнынæн раттынц тых æмæ ныфс. Фестиваль «Мир танца»-йы хистæр къорд аивадуарзджыты размæ рахаста сомихаг кафт. Уымæн жюрийы уæнгтæ скодтой стыр аргъ. Рамбылдтой гран-при. Ныридæгæн адæмон кафты ансамбль «Сафар» йæхи цæттæ кæны йæ юбилейон концертмæ. Уый ацæудзæн майы. Программæмæ бахæсдзысты ивддзинæдтæ, фæхъæздыгдæр æй кæндзысты.

, чтобы оставлять комментарии